Хуссар Иры столицӕйы цыртдзӕвӕнтыл бакӕндзысты уӕлфысттӕ

© Sputnik / Ада БагианХрам Пресвятой Богородицы в Цхинвале
Храм Пресвятой Богородицы в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕппӕт культурон ӕмӕ историон цыртдзӕвӕнтыл конд ӕрцӕудзӕн уӕлфысттӕ, фехъусын кодта Sputnik культурӕйы министрады историон ӕмӕ культурон бынты хайады хистӕр Багаты Лариса.
Цхинвалы территорийыл уӕвынад кӕны 80 цыртдзӕвӕнӕй фылдӕр.

"Кӕд ӕппӕтыл нӕ аххӕссӕм, уӕддӕр сӕ фылдӕрыл хъуамӕ конд ӕрцӕуой уӕлфысттӕ. Цы ран уыдзӕн цыбыр информаци, кӕд ӕрцыд арӕзт, йӕ ӕххӕст ном ӕмӕ рацарӕзт кӕд ӕрцыд. Уыимӕ иумӕ ма уым уыдзӕн фӕдзӕхсты информаци, объект хъахъхъӕд кӕй цӕуы паддзахады рдыгӕй", - загъта хайады хистӕр.

Уый ма банысан кодта, хайад цӕттӕ кӕны цыртдзӕвӕнты реестры мыхуырмӕ. Уый фӕзындзӕн культурӕйы министрады сайтыл.
"Реестртӕ сты дыууӕ - Хуссар Ирыстоны адӕмы культурон бынты иумӕйаг паддзахадон реестр, йӕ сконды ис 1 400 объекты ӕмӕ археологийы цыртдзӕвӕнты реестр, уыдон нымӕц та ахызт 130", - бафтыдта уый.
Хайады хистӕр ма бафиппайдта, иууыл фылдӕр цыртдзӕвӕнтӕ ис Дзауы районы.
"Фондз дих сты, горӕт Цхинвал нымад цӕуы куыд хицӕн административон хай, ӕмӕ цыппар районы. Уыдонӕй иууыл хъӕздыгдӕр у Дзауы район. Уый фӕстӕ лӕууы Ленингор. Иууыл цъус сты Знауыры районы, уымӕн йӕ территори дӕр у къаддӕр",- бахахх кодта уый.
Реестр мыхуыр ӕрцӕудзӕн сентябры, фӕлӕ уый фӕстӕ дӕр куыст цӕудзӕн йӕ баххӕст кӕныныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0