Оперон зарæггæнæг Цæгат Ирæй райста 10 азы ахæст антиковидон акцитæм сидыны тыххæй

© Depositphotos.com / JanPietruszkaТæрхондон
Тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Оперон зарæггæнæг Челдыты Вадимæн, кæцы сидт митингтæм Дзæуджыхъæуы 2020 азы апрелы, Ростовы тæрхондон дыццæджы рахаста 10 азы ахæст.
"Фыдракæндтæ саразыны фæстиуæгæн снысан кæнын Челдыты Вадимæн 10 азы ахæст карз режимы рæстмæгæнæн колонийы", - хъусын кæны тæрхонгæнæджы РИА Новости.
Нысангонд æрцыд, тæрхон нырма кæй нæ бахызт йæ тыхы æмæ йыл гæнæн ис бахъаст кæнын дæс боны дæргъы.
Фæдагуырды бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2020 азы 20 апрелы Дзæуджыхъæуы хицауады бæстыхайы раз ацыд митинг, кæцыйы дзырдтой ма æххæст кæнын хиизоляцийы режим æмæ æндæр арæнæвæрд мадзæлттæ, кæцытæ хицауад рахаста коронавирусы ныхмæ тохы фæлгæтты.
Ног хабӕртты лентӕ
0