Уæрæсейы æфсæдтæ скуынæг кодтой хæстæрмæджыты æфтауцтæ Одессайы областы

© Sputnik / Виктор Антонюк /  Ахизын медиабанкмæТанк
Танк - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 июл – Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, кæй скуынæг кодтой æфтауцтæ фæсарæйнаг хæцæнгарзы хæстæрмæджытимæ Одессайы областы.
"Одессайы областы Беленькое цæрæн пункты районы иттæг дырыс хæцæнгарзæй скуынæг кодтой фæсарæйнаг хæцæнгарзы хæстæрмæджыты æфтауцтæ", - загътой уагдоны.
Уымæй дарддæр Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, Донецкы Адæмон Республикæйы цæрæн пункт Долинайы районы иттæг дырыс хæцæнгарзæй фехстой украинæйаг æфсæдты 81-æм аэромобилон бригадæйы позицитæ. Скуынæг кодтой 60 æфсæддоны, афтæ ма техникæйы авд иуæджы æмæ хæстæрмæджыты æфтауц.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 257 хӕдтӕхӕджы, 142 вертолеты, 1564 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 356 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4099 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 759 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3157 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4392 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0