Украинæйы Гарзджын тыхтæ квадрокоптерæй фехстой таможнæйон пост Брянскы областы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæКвадрокоптер
Квадрокоптер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 июл – Sputnik. УФ Брянскы областы губернатор Александр Богомаз фехъусын кодта, уадзæн пункт "Троебортное" кæй фехстой Украинæйы рдыгæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, квадрокоптерæй таможнæйы постыл æрыппæрстой рæмудзæн æрмæг.
"Æхсты фæстиуæгæн цыппар адæймаджы райстой цæфтæ, уыдонæн медицинон æххуыс кæнынц. Бынаты кусынц оперативон службæтæ", - ныффыста уый йæ Telegram-каналы.
Украинæйаг æфсæдтæ арæх фехсынц уæрæсейаг арæнгæрон территоритæ. Брянскы, Курскы, Белгороды областты æмæ Хъырымы архайы террористон тæссагдзинады бур æмвæзад.
Херсон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.07.2022
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ скуынӕг кодтой Украинӕйы дыууӕ десантон катеры диверсанттимӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0