Хуссар Ир хайад райста онлайн-конференцийы Донбассы сабиты бартæ хъахъхъæныны фæдыл

© Sputnik / Элина ГабараеваЦхуырбаты Татьяна
Цхуырбаты Татьяна - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны сывæллæтты омбудсмен Цхуырбаты Татьяна хайад райста видеоконференцийы, кæцы нывонд уыд Донбассы фæмардуæвæг сывæллæтты мысæн бонæн.
Фыдохы датæ снысан кодтой ДАР сæргълæууæг Денис Пушилины барамындæй, цæмæй сæнусон кæной республикæйы чысыл æмбæстæгты мысæн, кæцытæ фæмард сты украинæйаг хæстонты къухтæй.
Онлайн-конференцийы организатор уыд Донецкы Адæмон Республикæйы ФХМ.
Хуссар Иры ссардтой Донбассы фӕмардуӕвӕг сывӕллӕтты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2022
Хуссар Иры ссардтой Донбассы фӕмардуӕвӕг сывӕллӕтты рухс нӕмттӕ
Сывæллæтты æдасдзинады фарстыл баныхасы архайдтой дыууынмæ æввахс минæвары Донбасс, Хъырым, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстонæй.
Дискуссийы рæстæджы банысангонд æрцыд, хистæр кары адæмы сæйраг хæслæвæрд кæй у бахъахъхъæнын сывæллæтты бартæ æмæ цæрдтæ.
"Сывæллæттæ хъуамæ ма хъизæмар кæной хæстон конфликтты", - банысан кодтой сæ ралæудты конференцийы хайадисджытæ.
Афтæ ма дискуссийы банысан кодтой, стыр хъусдард кæй хъæуы аздæхын ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмæ. Бахахх кодтой психологион реабилитацийы ахсджиагдзинад дæр.
"Мах æрбаиу стæм Донбассы хæсты сывæллон амæттæгты мысæн акцимæ – уæларвмæ суагътам 130 тымбылæджы. Уый у сывæллæтты нымæц, кæцытæ фæмард сты ацы конфликты рæстæджы", - радзырдта журналисттæн сывæллæтты омбудсмен Цхуырбаты Татьяна.
Ног хабӕртты лентӕ
0