https://sputnik-ossetia.com/20220729/uaraseyy-afs-ne-ruagta-lipetsky-terakt-katsy-tsatta-kodtoy-pravyy-sektor-y-farskhatsdzhyta-17951453.html
Уӕрӕсейы ӔФС не руагъта Липецкы теракт, кӕцы цӕттӕ кодтой "Правый сектор"-ы фарсхӕцджытӕ
Уӕрӕсейы ӔФС не руагъта Липецкы теракт, кӕцы цӕттӕ кодтой "Правый сектор"-ы фарсхӕцджытӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik. Уӕрӕсейы ӔФС ӕрцахста Украинӕйы ӕртӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ хъавыдысты спырх кӕнын стыр тыхимӕ хиаразгӕ рӕмудзӕн ӕрмӕг Липецкы адӕмарӕх... 29.07.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-07-29T11:11+0300
2022-07-29T11:11+0300
2022-07-29T11:11+0300
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы
уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/07/11/10880936_0:0:3077:1731_1920x0_80_0_0_dc4e043e361ef71da268b907c9a04e3c.jpg
ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik. Уӕрӕсейы ӔФС ӕрцахста Украинӕйы ӕртӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ хъавыдысты спырх кӕнын стыр тыхимӕ хиаразгӕ рӕмудзӕн ӕрмӕг Липецкы адӕмарӕх бынаты. Уый тыххӕй хъусын кӕны уӕрӕсейаг спецслужбӕ.Фыдгӕнджытӕ уыдысты диверсион-разӕсгӕрстон къорды сконды, кӕцы сарӕзта "Правый сектор" Украинӕйы Ӕдасдзинады службӕйы патронажы бын.Диверсантты сусӕг ӕмбӕхсӕны ссардӕуыд хиаразгӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджы компоненттӕ. Афтӕ ма ӕргом ӕрцыдысты сӕ фыстӕджытӕ "Правый сектор"-ы* ӕндӕр хайадисджытимӕ. Сӕ ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ терактмӕ цӕттӕ кӕныны, экстремистон организацийы хайадист ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ ӕнӕзакононӕй химӕ дарыны фӕдыл. * Экстремистон организаци, кӕцы Уӕрӕсейы у тобӕгонд
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/07/11/10880936_346:0:3077:2048_1920x0_80_0_0_e3275a28034a27f96fa33c3a54f29ebf.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы, уӕрӕсейы сӕрмагонд операци украинӕйы
Уӕрӕсейы ӔФС не руагъта Липецкы теракт, кӕцы цӕттӕ кодтой "Правый сектор"-ы фарсхӕцджытӕ
ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik. Уӕрӕсейы ӔФС ӕрцахста Украинӕйы ӕртӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ хъавыдысты спырх кӕнын стыр тыхимӕ хиаразгӕ рӕмудзӕн ӕрмӕг Липецкы адӕмарӕх бынаты. Уый тыххӕй хъусын кӕны уӕрӕсейаг спецслужбӕ.
Фыдгӕнджытӕ уыдысты диверсион-разӕсгӕрстон къорды сконды, кӕцы сарӕзта "Правый сектор" Украинӕйы Ӕдасдзинады службӕйы патронажы бын.
"Липецкы областы Добровскы районы хъӕу Горицайы ӕрурӕдтой Украинӕйы ӕртӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ раздӕр ӕрцыдысты Уӕрӕсемӕ: 1988 азы гуырд нӕлгоймаг (раздзог, раздӕр цалдӕр хатты ӕрлӕууыд тӕрхондоны раз педофилийы тыххӕй) ӕмӕ дыууӕ сылгоймаджы, 1986 ӕмӕ 1978 ӕзты гуырдтытӕ, кӕцытӕ уыдысты диверсион-разӕсгӕрстон къорды сконды, кӕцы сарӕзта "Правый сектор" Украинӕйы Ӕдасдзинады службӕйы патронажы бын", - дзырдӕуы релизы.
Диверсантты сусӕг ӕмбӕхсӕны ссардӕуыд хиаразгӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджы компоненттӕ. Афтӕ ма ӕргом ӕрцыдысты сӕ фыстӕджытӕ "Правый сектор"-ы* ӕндӕр хайадисджытимӕ.
Сӕ ныхмӕ бакондӕуыд уголовон хъуыддӕгтӕ терактмӕ цӕттӕ кӕныны, экстремистон организацийы хайадист ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ ӕнӕзакононӕй химӕ дарыны фӕдыл.
* Экстремистон организаци, кӕцы Уӕрӕсейы у тобӕгонд