https://sputnik-ossetia.com/20220801/khussar-iry-dzauy-rayony-fakaddar-is-fydrakandty-nymats---mkhm-17991599.html
Хуссар Иры Дзауы районы фӕкъаддӕр ис фыдракӕндты нымӕц - МХМ
Хуссар Иры Дзауы районы фӕкъаддӕр ис фыдракӕндты нымӕц - МХМ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 1 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы 2022 азы фыццаг ӕмбисы фӕкъаддӕр ис фыдракӕндты нымӕц, сӕ раргомкӕнынад та фӕбӕрзонддӕр. Уый тыххӕй... 01.08.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-08-01T12:13+0300
2022-08-01T12:13+0300
2022-08-01T13:10+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
хуссар иры мхм
дзауы район
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/01/17988941_0:0:1920:1080_1920x0_80_0_0_90705fe369afa9e6d73233f1be7b84f4.jpg
ЦХИНВАЛ, 1 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы 2022 азы фыццаг ӕмбисы фӕкъаддӕр ис фыдракӕндты нымӕц, сӕ раргомкӕнынад та фӕбӕрзонддӕр. Уый тыххӕй хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.Ацы азы ӕхсӕз мӕйы ӕмгъуыдмӕ регистраци ӕрцыдысты авд фыдракӕнды, уыдонӕй ныридӕгӕн раргом кодтой фондз. Ивгъуыд азы фыццаг ӕмбисы уыдон уыдысты дӕс, ӕргом сӕ ӕрцыд ӕхсӕз.Афтӕ ма ӕрдӕг азмӕ Дзауы районы фӕндӕгтыл регистраци ӕрцыд 19 аварийы, фаронмӕ абаргӕйӕ ныр сӕ нымӕц фӕфылдӕр ис ӕхсӕз."Фӕндагон-транспортон цауты фӕстиуӕгӕн буары цӕфтӕ райстой дыууӕ адӕймаджы, фӕзиан ис иу адӕймаг", - бафтыдтой уагдоны.Мидхъуыддӕгты министрады ма бахахх кодтой, куыстуаты архайдӕн кӕй сарӕзтӕуыд анализ, рафӕлгъаудтой хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ дарддӕр исдзысты мадзӕлттӕ сӕ аиуварс кӕныныл.Дзауы районы прокурор Кокойты Гамлет, кӕцы хайад иста ӕмбырды, ӕвӕрццаг аргъ скодта уагдоны хисӕрмагонд сконды куыстӕн.
https://sputnik-ossetia.com/20220728/tskhinvaly-rayony-fkaddr-fydrakndt-m-avarity-nymts--mkhm-17928510.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/01/17988941_357:0:1797:1080_1920x0_80_0_0_fc1d50e5224e8a3360dee117de360ff6.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, хуссар иры мхм, дзауы район
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, хуссар иры мхм, дзауы район
ЦХИНВАЛ, 1 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы 2022 азы фыццаг ӕмбисы фӕкъаддӕр ис фыдракӕндты нымӕц, сӕ раргомкӕнынад та фӕбӕрзонддӕр. Уый тыххӕй хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.
Ацы азы ӕхсӕз мӕйы ӕмгъуыдмӕ регистраци ӕрцыдысты авд фыдракӕнды, уыдонӕй ныридӕгӕн раргом кодтой фондз. Ивгъуыд азы фыццаг ӕмбисы уыдон уыдысты дӕс, ӕргом сӕ ӕрцыд ӕхсӕз.
"Афтӕ ма уынӕм, кӕй фӕкъаддӕр сты уӕззау фыдракӕндтӕ, буары уӕззау цӕфтӕ ӕруадзын, фӕлывдмитӕ", - дзырдӕуы хъуминаджы.
Афтӕ ма ӕрдӕг азмӕ Дзауы районы фӕндӕгтыл регистраци ӕрцыд 19 аварийы, фаронмӕ абаргӕйӕ ныр сӕ нымӕц фӕфылдӕр ис ӕхсӕз.
"Фӕндагон-транспортон цауты фӕстиуӕгӕн буары цӕфтӕ райстой дыууӕ адӕймаджы, фӕзиан ис иу адӕймаг", - бафтыдтой уагдоны.
Мидхъуыддӕгты министрады ма бахахх кодтой, куыстуаты архайдӕн кӕй сарӕзтӕуыд анализ, рафӕлгъаудтой хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ дарддӕр исдзысты мадзӕлттӕ сӕ аиуварс кӕныныл.
Дзауы районы прокурор Кокойты Гамлет, кӕцы хайад иста ӕмбырды, ӕвӕрццаг аргъ скодта уагдоны хисӕрмагонд сконды куыстӕн.