Цхинвалы тӕрхондон аздӕхта Дзабиты Иналы хъуыддаг прокуратурӕмӕ уӕлӕмхас равзӕрсты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондон
Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы горӕттаг тӕрхондон аздӕхта Дзабиты Иналы хъуыддаг фӕстӕмӕ прокуратурӕмӕ уӕлӕмхас фӕдӕвзӕрст ауадзыны тыххӕй. Раздӕр ахӕм куырдиат Цхинвалы тӕрхондонмӕ бадӕтта фӕмардуӕвӕджы идӕдз Соттиты Оксана.

"Хъуыддаг аздӕхтам, уымӕн ӕмӕ дзы ис уголовон-процессуалон кодексы фехӕлдтӕ. Фӕдагурӕг цы хъуыдытыл бындуриуӕг кӕны, хъуамӕ фидаргонд цӕуой бӕлвырдгӕнӕнтӕй зылынгӕнӕг хатдзӕджы. Тӕрхонгӕнӕгӕн нӕй бар зылынгӕнӕн хатдзӕджы фӕлгӕттӕй хизын ӕмӕ хӕдхъомӕй ахуыр кӕна цавӕрдӕр ӕрмӕджытӕ, цӕмӕй ссара уӕлӕмхас бӕрӕггӕнӕнтӕ", - загъта зылынкӕныны адвокат Гатагонты Фатимӕ.

Уый бафтыдта, зӕгъгӕ ма рӕдыдтыты хсӕн ис уый дӕр, ӕмӕ Дзабиты Инаты мӕлӕт фидаргонд кӕй ӕрцыд 13.52 сахатыл, фӕлӕ зылынгӕнӕн хатдзӕджы, тӕрхонгӕнӕг цы объективон зонӕнтӕм амоны, уыдон фидаргонд не рцыдысты.
Верховный Суд Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2022
Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл Цхинвалы тӕрхондон бафарста зианбаййафджыты
Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Иналы мӕлӕты, афтӕ ма Цхуырбаты Николайы ӕмӕ Хъуылымбегты Герсаны фӕнӕмыны фӕдыл хъуыддаг ӕвзары Цхмнвалы горӕттаг тӕрхондон, кӕцыйы коллегийы сконды сты Тыбылты Инал, Кокойты Оксана ӕмӕ Брыкалова Мӕдинӕ.
2020 азы августы кæрæтты Хуссар Ирыстоны МХМ криминалон милицийы бæстыхайы æрфарстыты фæстæ амард Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал. Цхинвалы центры ацыдысты митингтæ, цæмæй бафхæрой йæ амæлæты аххосджынты.
Ног хабӕртты лентӕ
0