Хуссар Иры Дзауы районы ныссадздзысты уардийы цалдӕр мин къутӕры

© Sputnik / Яков БерлинерУардитӕ
Уардитӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Дзауы районы администраци бавнӕлдта райцентры хӕрзарӕзтадмӕ. Администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лиана куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй куыстыты фӕлгӕтты ма ӕфснайынц поселочы территори дӕр, ног кӕнынц цъӕх зонӕтӕ ӕмӕ садзынц дидинджытӕ.
"Уардийы цалдӕр мин къутӕры районы хӕрзарӕзтадӕн рахицӕн кодтой Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг Туаты Георгий ӕмӕ Цхинвалы мэры хӕдивӕг Пухаты Дмитрий. Фӕндаггӕрӕтты, цъӕх зонӕты сӕ садзӕм. Афтӕ ма фӕнд кӕнӕн дидинджытӕй сфӕллындын ахуырадон уагдӕтты алыварс территоритӕ дӕр", - загъта Тедеты Лиана.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, куыстыты ма активон хайад райста районы сӕргълӕууӕг Тыбылты Ванда дӕр.
"Администрацийы хистӕр бузныг загъта, ахӕм рӕдау лӕвар нын чи бакодта, уыдонӕн", - бафтыдта пресс-секретарь.
Дзау  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.07.2022
Дзауы центры районы хӕрдзтӕй сараздзысты сывӕллӕтты фӕзуат
Фидӕны ма районы къухдариуӕгад нывӕнды ныссадзын бирӕазон дидинджытӕ дӕр.
Дзауы районы къухдариуӕгад стыр хъусдард здахы поселок ӕмӕ хъӕуты ӕддаг бакастмӕ, афтӕ ма аразы ӕппӕт дӕр, цӕмӕй фӕсивӕд хӕст кӕна ӕнӕниз цардуагыл. Раздӕр Тыбылты Ванда банысан кодта, районы кӕй нӕй иу хӕрзвадат къуым дӕр сабитӕн. Уымӕ гӕсгӕ, Дзауы центры районон хицауады хӕрдзтӕй арӕзт ӕрцӕудзӕн сывӕллӕтты фӕзуат.
Ног хабӕртты лентӕ
0