Уæрæсейаг æфсæдтæ иу суткæмæ æрæппæрстой фондз украинæйаг дроны

© Sputnik / Кирилл Нортон /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæдтæ
Уæрæсейаг æфсæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрæппæрстой фондз украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты, афтæ ма дыууæ баллистикон ракетæ "Точка-У". Уый тыххæй хъусын кæны УФ Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
Дронтæ скуынæг кодтой ДАР цæрæн пункт Дибровайы районы, афтæ ма Харьковы областы Капитоловка æмæ Дмитровкайы районы, "Точка-У" та Чернобаевкайы районы Херсоны областы.
Украинӕйаг ӕрӕппӕрстгонд хӕдтӕхӕг Су-25 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.08.2022
УФ хъахъхъӕнынад министрад фехъусын кодта июлы 34 ӕрӕппаргӕ украинӕйаг хӕдтӕхджыты тыххӕй
Афтæ ма контрбатарейон тохы фæлгæтты скуынæг кодтой залпон æхсты реактивон системæ "Град"-ы дыууæ взводы, хæцæнгарз "Мста-Б"-йы æртæ артиллерион взводы, хæцæнгарз "Гвоздика"-йы æртæ взводы æмæ гаубица Д-30 дыууæ взводы.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 261 хӕдтӕхӕджы, 145 вертолеты, 1669 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 361 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 4231 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 782 хӕстон машинӕйы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3242 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 4676 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0