Хуссар Иры ацӕудзысты 2008 азы августы хӕсты фӕмаруӕвджыты номарӕн фыдохы мадзӕлттӕ

© Sputnik / Наталья Айриян Мысæн акци "Музей сожженных душ"-ы цур Хуссар Ирыстоны
Мысæн акци Музей сожженных душ-ы цур Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik. Мысӕн мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд уыдзысты 2008 азы августы хӕстӕн, райдайдзысты 7 августы Цхинвалы Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы Райгуырды ӕмӕ Сыгъдӕг Ӕртӕиууоны аргъуанты Хуыцаумӕскуывдтӕй. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта Хуссар Иры президенты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Цоциты Анна.
"Изӕры 8 сахатыл райдайдзӕн егъау мадзал - фыдохы церемони Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕн мемориалон комплексы цур Тугъанты Махарбеджы уынгыл", - банысан кодта уый.
Мысӕн мадзӕлттӕ адарддӕр уыдзысты 8 августы. 10.00 сахатыл республикӕйы президент ӕмӕ хицауады делегаци сӕвӕрдзысты дидинтӕ уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты казармӕмӕ - уыдон фыццӕгтӕ баййӕфтой ӕхст 2008 азы. Уый фӕстӕ мадзалы хайадисджытӕ бацӕудзысты Галуанты Олег ӕмӕ Уӕрӕсейы хъайтар Денис Ветчиновы цыртытӕм сӕ мӕлӕты бынӕтты.
Хуссар Иры хӕсты амӕттӕгты нӕмттӕ ссардзысты цалдӕр бӕстӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2022
Хуссар Иры хӕсты амӕттӕгты нӕмттӕ ссардзысты цалдӕр бӕстӕйы
Афтӕ ма уыдон дидинтӕ сӕвӕрдзысты хуссарирыстойнаг МСНК фӕмардуӕвӕг хӕстонты мемориалмӕ.
"11.00 сахатыл фыдохы мадзӕлтты хайадисджытӕ ӕрбамбырд уыдзысты "Басудзгӕ удты музейы" цурмӕ Тъбеты ӕмӕ дидинтӕ сӕвӕрдзысты Хъынцъымы бӕласмӕ. Уый фӕстӕ бацӕудзысты фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕ - Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты цыртмӕ", - адарддӕр кодта Цоциты Анна.
Мадзӕлттӕ адарддӕр уыдзысты киноконцертон зал "Чермен"-ы. Фойейы байгом уыдзӕн равдыст "Геноцид нывгӕнджыты цӕстӕнгасӕй" ӕмӕ Джуссойты Иналы персоналон равдыст. Залы та ацӕудзӕн Мамиты Григорийы фильм "Хӕхтӕ ӕвдисӕнтӕ"-йы премьерӕ, кӕцы таурӕгъ кӕны 1920-2008 ӕзты ирон адӕмы геноцидты тыххӕй.
Хуссар Ирыстоны хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ссардзысты Мӕскуыйы, Абхазы, Днестргӕрон республикӕйы, афтӕ ма къорд европӕйаг бӕстӕты дӕр.
Мæскуыйы ссардзысты Хуссар Иры 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2022
Мæскуыйы ссардзысты Хуссар Иры 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст Цхинвалмӕ 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын.
Ног хабӕртты лентӕ
0