Китайы æфсад ауагъта æхстытæ Тайваны цур

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæКитайы Гарзджын тыхты нау
Китайы Гарзджын тыхты нау - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 авг - Sputnik. Китайы Гарзджын тыхтæ ауагътой хæстон æхстытæ Тайваны цур, хъусын кæны цыппæрæмы РИА Новости.
Маневртæ райдыдтой абон райсом раджы æмæ адарддæр уыдзысты хуыцаубоны онг. Уыдон цæуынц æхсæз районы Тайваны алыварс. Æфсæддонтæ развæлгъау ныммыхуыр кодтой координаттæ, цæмæй наутæ кæнæ хæдтæхджытæ ма бацæуой хæстон ахуырты районмæ.
Пелосийы балц Тайваньмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2022
Æнæсæрфат акци: Мæскуы комментарий радта Пелосийы балцы фæдыл Тайваньмæ
Егъау ахуыртæ хæстон æхстытимæ сты дзуапп Тайбейы скъуыддзагæн АИШ минæвæртты палатæйы спикер Ненси Пэлосийы райсын сакъадахы. Ненси Пэлоси æрцыд Тайваньмæ йæ азиатон балцы фæлгæтты дыццæджы изæры. Иннæ бон уый фембæлд бынæттон администрацийы сæргълæууæг Цай Инвэнимæ, ауагъта баныхас æмæ атахт Кореймæ.
Китай нымайы Тайвань йæ провинцийыл æмæ алыхатт дæр у Тайбейы контактты ныхмæ чиновниктимæ æмæ æфсæддонтимæ бæстæтимæ, кæцытимæ Пекинæн ис дипломатон ахастытæ
Ног хабӕртты лентӕ
0