Гуырдзыстоны фыдгӕнон хӕстон авантюрӕйӕн 2008 азы радтӕуыд ӕмбӕлон дзуапп - Уӕрӕсейы ФХМ

© Sputnik / Саид Гуциев /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейаг ӕфсӕддон техникӕйы ӕрбахызт Хуссар Ирмӕ. 08.08.08
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон техникӕйы ӕрбахызт Хуссар Ирмӕ. 08.08.08
 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы абон, 8 августы, ногӕй мысынц республикӕмӕ ӕмӕ уӕрӕсейаг фидауынгӕнджытӕм Гуырдзыстоны ӕбуалгъ ӕрбабырсты амӕттӕгты, фехъусын кодта УФ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады официалон минӕвар Мария Захароваавгустон хӕсты 14 афӕдзыбон нысан кӕныны фӕдыл.
Август, 2008 аз. Хӕсты фондз бон Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Август, 2008 аз. Хӕсты фондз бон Хуссар Ирыстоны
Захарова куыд банысан кодта, афтӕмӕй фыдгӕнон ӕфсӕддон авантюрӕйӕн, кӕцы расидт Саакашвилийы режим, радтӕуыд адекватон дзуапп.
"Сӕвзӕргӕ экстремалон уавӕрты уал Уӕрӕсе фыццаг ӕнтыстджынӕй ауагъта операци агрессоры сабырадмӕ ӕркӕныны фӕдыл, уый фӕстӕ та банымадта Хуссар Ирыстоны, афтӕ ма Абхазы хӕдбардзинад ӕмӕ сӕ бакодта йӕ дӕлбазыр", - загъта уый.
Гуырдзыстоны агресси ауварс кӕныны ӕннӕ фӕстиуӕг ссис, адарддӕр кодта Захарова, Швейсарийы ног бадзырдон трек срӕвдз кӕнын - Женеваг ӕхсӕнадӕмон дискусситӕ Фӕскавказы ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинады фӕдыл.
"Фӕстаг рӕстӕджы ацы ахсджиаг диалогон фӕзуатыл хицӕн "хъазджыты" фарсӕрдыгӕй уынӕм цавӕрдӕр политикон эгоистон интерестӕ. Уый фӕстиуӕгӕн Женевӕйаг формат урӕд ӕрцыд. Ныр аст мӕйы дӕргъы нӕй фадат ауадзын радон, 56-ӕм раундӕн", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Цхинвал. 08.08.08. - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Гуырдзыстоны сабырадмӕ ӕрконд 2008 азы уыд сигнал НАТО ӕмӕ Америкӕйӕн - Медведев
УФ ФХМ ма банысан кодтой Женевӕйаг дискусситы алыварс "хъӕзтыты" ӕцӕг нысан кӕй у Мӕскуыйӕ маст сисын, коллективон Ныгуылӕны иумӕйаг курсы фӕлгӕтты.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс.
Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын.
Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц — фӕмард 380 адӕймагӕй фылдӕр.
Хуссар Иры уæрæсейаг базæйы мысынц фыдиуынгæнджыты, кæцытæ фæмард сты 2008 азы августы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2022
Хуссар Иры уæрæсейаг базæйы мысынц фыдиуынгæнджыты, кæцытæ фæмард сты 2008 азы августы
Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы.
Гуырдзыстон абоны онг дӕр нӕ банымадта райхалгӕ хӕст ӕмӕ ирон радон геноциды фӕдыл йӕ бӕрн.
Ног хабӕртты лентӕ
0