Хуссар Иры Жриайы хъӕуы ӕндидзын кӕнынц Уастырджыйы кувӕндон

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры Жриайы хъӕуы ӕндидзын кӕнынц Уастырджыйы кувӕндон
Хуссар Иры Жриайы хъӕуы ӕндидзын кӕнынц Уастырджыйы кувӕндон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.08.2022
Рафыссын
Арӕзтад сӕ бӕрны бакодтой хъӕуӕй рацӕугӕ ӕфсӕддон ӕмӕ тренер
ЦХИНВАЛ, 16 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Жриайы хъӕуы центры ӕндидзын кӕнынц Уастырджыйы кувӕндон. Арӕзтад цӕуы Котолиты дыууӕ ӕфсымӕр Сослан ӕмӕ Болайы финансон хӕрдзтӕй, арӕзтады ӕххуыс кӕнынц хъӕуӕй рацӕугӕ фӕсивӕд дӕр.
"Кувӕндон дыууӕ ӕфсымӕры сӕхи тыхтӕй бавнӕлдтой аразынмӕ. Уыдон сты ацы хъӕуӕй рацӕугӕ. Иу сӕ у ӕфсӕддон, архайдта Уӕрӕсейы ӕфсӕддон операцийы, аннӕ фӕллой кӕны тренерӕй", - радзырдта Sputnik хъӕуы цӕрӕг.
Жриайы хъӕуы кувӕндон цы бынаты уыд ӕвӕрд, уый канд цӕрӕн пункты центр нӕ уыд, фӕлӕ ма ӕввахс аст хъӕуӕн дӕр. Ам уӕвынад кодта скъола, клуб, хъӕууон администраци. Центрыл йӕ нымадтой Барс, Морго, Гыццыл Гуфта, Андис, Къуылыхты хъӕу, Ног хъӕу ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕн пункттӕ.
 Сырх Дзуар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.05.2022
Адӕмон арӕзтад: Цхинвалы ӕндидзын кӕнынц ирон кварталы кувӕндон
"Фӕхонынц ӕй приходы дзуар. Уыцы ном ӕрфидар дзуар тӕккӕ административон центры кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ. Ӕнӕ уый та у Уастырджы кувӕндон. Нысан цӕуы Джиуӕргуыбаты къуырисӕр ӕхсӕв", - радзырдта Sputnik ӕфсымӕртӕй иу Бола.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цалынмӕ мӕй ӕмӕ ӕрдӕджы размӕ кувӕндоны ӕндидзын кӕнынмӕ бавнӕлдтой, уӕдмӕ ӕркастысты йӕ историмӕ дӕр. Дзуары тыххӕй бӕстон зонӕнтӕ ис Хуссар Ирыстоны историон ӕмӕ архитектурон цыртдзӕвӕнтӕ бахъахъхъӕныны хайады.
Сырхы дзуар Уӕллаг Ерманы хъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.07.2020
Драконтӕ ӕрыздӕхтысты: Хуссар Иры сцалцӕг кодтой Сырхы дзуары кувӕндон
"Кувӕндон амад ӕрцыд XVIII-XIX ӕнусы, фӕлӕ уымӕй размӕ дӕр уым уыд дзуар. Мах йӕ бындуры онг куы нывнӕлдтам, уӕд рабӕрӕг йӕ рагондӕр амады бындур кӕй уыд ӕндӕрхуызон - цыппаркъуымон. Фӕлӕ ныр кувӕндон сӕндидзӕн кӕндзыстӕм цы бӕрӕггӕнӕнтӕм нӕм ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. Цӕттӕ у проект, ӕрӕмных ӕй кодтам историон цыртдзӕвӕнты хайадимӕ", - радзырдта уый.
Ныридӕгӕн арӕзтадӕн нырма ӕвӕрд ӕрцыд ӕрмӕст йӕ бындур, аразджыты фӕнды ацы аз арӕзтады фылдӕр хай балхынцъ кӕнын.
"Ацы аз нӕ фӕнды фӕуын йӕ систӕ. Амад цӕуы йӕхи дурӕй. Архайӕм йӕ раздӕры хуызы уый сӕндидзын кӕнын",- бахахх кодта уый.
Кувӕндоны тӕккӕ фарсмӕ ис хъӕуы иууыл фенддагдӕр бынат, ам рӕзы ӕнусон зазбӕлас, кӕцыйӕн йӕ кар дисы ӕфтауы адӕмы.
"Иу рӕстӕг йӕ фӕдта липецкаг специалист, кӕцы ахуыр кӕны бӕласы мыггӕгтӕ. Уый дзырдта, зӕгъгӕ, фӕзылд советон цӕдисы раздӕры республикӕтыл ӕмӕ дзы уый ацы бӕласы карӕн заз никуы федта. Астӕуккаг нымадмӕ гӕсгӕ йыл цӕуы 1700 азы",- бафиппайдта Котолиты Бола.
Бӕласы бӕрзӕнд, ӕддаг бакастӕй, у 12 метры бӕрц.
© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры Жриайы хъӕуы ӕндидзын кӕнынц Уастырджыйы кувӕндон
Храм в Морго - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.08.2022
Хуссар Иры Жриайы хъӕуы ӕндидзын кӕнынц Уастырджыйы кувӕндон
Ног хабӕртты лентӕ
0