Гасситы Петр радзырдта, куыд цæуынц каникултæ æмæ кæд æркæсдзысты хицауады хыгъдлæвæрдмæ

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ парламент
РХИ парламент  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ каникултæй рахизыны фæстæ фыццаг рады æркæсдзысты хицауады 2021 азы куысты хыгъдлæвæрдмæ. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта закондæттæг органы фыццаг вице-спикер Гасситы Петр.
Июлы æмбисы депутаттæ ацыдысты сæрдыгон каникултæм, уыдон адарддæр уыдзысты сентябры онг.
"Каникултæ ацыдысты куыд æмбæлы афтæ – депутатты хай баулæфыд, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ, каникулты рæстæджы уыдон уагътой фембæлдтæ сæ æвзарджытимæ", - банысан кодта Гасситы Петр.
© Sputnik / Natalia Airiyan Гасситы Петр
Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2022
Гасситы Петр
Йæ ныхæстæм гæсгæ, парламент каникултæм куы ацыд, уæд депутаттæ ныууагътой æнæ ‘ркастæй æрмæстдæр хицауады 2021 азы куысты хыгъдлæвæрд.
"Уый ныридæгæн уыд парламенты, фæлæ йæ нæ райстой. Хицауад ногæй æрбарвыста хыгъдлæвæрд, æмæ йæм мах æркæсдзыстæм парламенты фыццаг сессийыл. Уымæй дарддæр, кæй зæгъын æй хъæуы, хицауад ацы рæстæг куыста æмæ æрбарвыста парламентмæ законы проекттæ. Уыдон æрвыст æрцæудзысты профилон комитеттæм, уый фæстæ сæ рахæсдзысты президиум æмæ сессимæ", - загъта вице-спикер.
Гасситы Петр радзырдта, Хуссар Ирыстоны арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл къамис нæ æрурæдта йæ куыст æмæ уагъта рабадтытæ каникулты рæстæджы.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, æвзарджытæ дæр бадзырдтой парламентмæ сæ проблемæтимæ, сæйраджыдæр, уыдон хаудтой социалон къабазмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0