https://sputnik-ossetia.com/20220819/nizta-surag-don-tsaman-khos-kodtoy-khussar-iry-kodibyny-khauy-18360431.html
Низтӕ сурӕг дон: цӕмӕн хос кодтой Хуссар Иры Къодибыны хъӕуы
Низтӕ сурӕг дон: цӕмӕн хос кодтой Хуссар Иры Къодибыны хъӕуы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къодибыны хъӕуы доны гуырӕнӕн ис диссаджы хосгӕнӕн ӕууӕлтӕ. Ӕрдзы лӕвар дон ӕмӕ цъыфӕй... 19.08.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-08-19T14:27+0300
2022-08-19T14:27+0300
2022-08-19T14:27+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/10/18301751_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_3473fc52b293d90cc15ae9bdf179b57b.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къодибыны хъӕуы доны гуырӕнӕн ис диссаджы хосгӕнӕн ӕууӕлтӕ. Ӕрдзы лӕвар дон ӕмӕ цъыфӕй хос кодтой канд ӕввахс хъӕуы цӕрджытӕ ӕмӕ республикӕйы адӕм нӕ, фӕлӕ мӕ фӕсарӕнтӕй.Хосгӕнӕн доны ваннӕтӕ адӕмӕн сырдтой сӕ низтӕ ӕмӕ иу бынатмӕ чи ныццыд ӕнцойгӕнӕн лӕдзӕгимӕ, уыдон иу къуырийы фӕстӕ йӕхи тыхтӕй раздӕхт.Абон уыцы рӕстӕгӕй бирӕ фӕивта, ацы къуымы нал кусы донхосгӕнӕндон."Куысты бынӕттӕ уыд ӕввахс хъӕуы цӕрджытӕн дӕр. Мӕнӕн мӕ фыд ам куыста. Ӕз та сабийӕ мӕхицӕн куыстон ӕхца, хъӕды ӕмбырд кодтон газы чъиу ӕмӕ сӕ уӕй кодтон улӕфджытӕн", - бафтыдта уый.Советон дугӕй нырмӕ ам ницыуал баззад, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ уӕззау рӕстӕджытӕ кӕддӕры донхосгӕнӕндоны фӕтары кодтой. Ӕрмӕст ма нӕбары абухы хосгӕнӕн дон.Ацы доны диссаджы ӕууӕлтӕ канд хъӕуы цӕрджыты ныхасӕй бӕрӕг не 'сты. Гӕбӕраты ӕфсымӕртӕ Зауыр ӕмӕ Инал цалдӕр азы размӕ ахастой доны ӕууӕлтӕ иртасынмӕ. Пятигорскы курортологи хорзыл банымадтой доны гъӕд. Уый ахъаз у 48 иугӕндзойнон низӕн.Ӕфсымӕртӕ бафӕндыд сӕндидзын кӕнын советон дуджы фӕлтӕрддзинад ӕмӕ 2011 азы самадтой ам хосгӕнӕндонӕн цалдӕр корпусы. Сӕ нымӕцы уазӕгдон ӕмӕ хосгӕнӕн процедурӕты хӕдзар. Бирӕ азты дӕргъы уыдон ӕнхъӕлмӕ кастысты хицауады ӕххуысмӕ ӕмӕ сын ныр ныфс радтой."Хицауады сӕрдар Джуссойты Константин ныфс бавӕрда ацы хъуыддагмӕ хъусдард кӕй аздахдзысты. Паддзахадон хисӕрмагонд ӕмгуыстад куы срӕвдз уа, уӕд уӕд ма аразинаг цы ис, уыдон фондз мӕймӕ сараздзыстӕм. Объектмӕ ӕрмӕст кусджытӕ райдзыстӕм 30", - радзырдта ӕфсымӕрӕй сӕ иу.
https://sputnik-ossetia.com/20210720/Nuazyny-don-Tskhinvaln-gortgron-suadonm-baiu-kodtoy-dyuu-nog-donguyrn-12539189.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/08/10/18301751_172:0:2901:2047_1920x0_80_0_0_c63608dbb0976247090a7d39858ee7e7.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
ЦХИНВАЛ, 19 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къодибыны хъӕуы доны гуырӕнӕн ис диссаджы хосгӕнӕн ӕууӕлтӕ. Ӕрдзы лӕвар дон ӕмӕ цъыфӕй хос кодтой канд ӕввахс хъӕуы цӕрджытӕ ӕмӕ республикӕйы адӕм нӕ, фӕлӕ мӕ фӕсарӕнтӕй.
Хосгӕнӕн доны ваннӕтӕ адӕмӕн сырдтой сӕ низтӕ ӕмӕ иу бынатмӕ чи ныццыд ӕнцойгӕнӕн лӕдзӕгимӕ, уыдон иу къуырийы фӕстӕ йӕхи тыхтӕй раздӕхт.
"Уӕрдоныл иу нылластой низӕфхӕрд адӕмы, чи та иу цыд лӕдзгуыты ӕнцой, иу кӕнӕ дыууӕ къуырийы фӕстӕ-иу уыдон слӕууыдысты сӕ къӕхтыл", - мысы сыхаг хъӕуы цӕрӕг Александр.
Абон уыцы рӕстӕгӕй бирӕ фӕивта, ацы къуымы нал кусы донхосгӕнӕндон.
"Куысты бынӕттӕ уыд ӕввахс хъӕуы цӕрджытӕн дӕр. Мӕнӕн мӕ фыд ам куыста. Ӕз та сабийӕ мӕхицӕн куыстон ӕхца, хъӕды ӕмбырд кодтон газы чъиу ӕмӕ сӕ уӕй кодтон улӕфджытӕн", - бафтыдта уый.
Советон дугӕй нырмӕ ам ницыуал баззад, зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ уӕззау рӕстӕджытӕ кӕддӕры донхосгӕнӕндоны фӕтары кодтой. Ӕрмӕст ма нӕбары абухы хосгӕнӕн дон.
Ацы доны диссаджы ӕууӕлтӕ канд хъӕуы цӕрджыты ныхасӕй бӕрӕг не 'сты. Гӕбӕраты ӕфсымӕртӕ Зауыр ӕмӕ Инал цалдӕр азы размӕ ахастой доны ӕууӕлтӕ иртасынмӕ. Пятигорскы курортологи хорзыл банымадтой доны гъӕд. Уый ахъаз у 48 иугӕндзойнон низӕн.
Ӕфсымӕртӕ бафӕндыд сӕндидзын кӕнын советон дуджы фӕлтӕрддзинад ӕмӕ 2011 азы самадтой ам хосгӕнӕндонӕн цалдӕр корпусы. Сӕ нымӕцы уазӕгдон ӕмӕ хосгӕнӕн процедурӕты хӕдзар. Бирӕ азты дӕргъы уыдон ӕнхъӕлмӕ кастысты хицауады ӕххуысмӕ ӕмӕ сын ныр ныфс радтой.
"Хицауады сӕрдар Джуссойты Константин ныфс бавӕрда ацы хъуыддагмӕ хъусдард кӕй аздахдзысты. Паддзахадон хисӕрмагонд ӕмгуыстад куы срӕвдз уа, уӕд уӕд ма аразинаг цы ис, уыдон фондз мӕймӕ сараздзыстӕм. Объектмӕ ӕрмӕст кусджытӕ райдзыстӕм 30", - радзырдта ӕфсымӕрӕй сӕ иу.