Хуссар Иры УУМ чизоны ракӕной куысты фӕтынгдӕргонд хуызмӕ зынгсирвӕзтты фӕфылдӕры тыххӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanЗынгфӕдисонтӕ
Зынгфӕдисонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 авг – Sputnik, Козаты Диана. Кӕд Хуссар Ирыстоны территорийыл зынгсирвӕзттӕ ӕмӕ ссыгъдтӕ нӕ фӕкъаддӕр уой, уӕд УУМ хисӕрмагонд сконды бахъӕудзӕн куысты фӕтынгдӕргонд хуызмӕ ракӕнын, загъта уӕлвӕткон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Цоциты Азӕмӕт.
Президент Гаглойты Аланы ӕмбырды тыхон структурӕты минӕвӕрттимӕ министры х.ӕ. радзырдта республикӕйы сӕвзӕргӕ уавӕры тыххӕй. Уый фехъусын кодта, ацӕугӕ къуырийы дӕргъы УУМ зынфӕдисонтӕ кӕй ацыдысты цауты бынӕттӕм 46 хатты, уыдонӕй 43 уыдысты зынгсирвӕзттӕ ӕмӕ ссыгъдтӕ. Цоциты Азӕмӕты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый у иууыл стырдӕр бӕрӕггӕнӕн сӕрдыгон рӕстӕджы. Уый ма банысан кодта, къуырисӕры райсомӕй дӕр уагдонмӕ кӕй ӕрбацыд ӕртӕ хъусинаджы ссыгъдты тыххӕй.
"Уӕлдай хъусдард аздахын хъӕуы уымӕ ӕмӕ Ленингоры районы дыууӕ цауӕй дарддӕр зынгсирвӕзттӕ ӕрцӕуынц горӕты алыварс, афтӕ ма Цхинвал ӕмӕ Знауыры территорийыл. Уыдонӕн сӕ 80 поценты вӕййынц Цхинвалы районы. Мах нырма нӕ ракодта хисӕрмагонд сконд казармӕйон уавӕрмӕ, фӕлӕ кӕд ацы къуыри зынгсирвӕзттӕ нӕ фӕкъаддӕр уой, уӕд бахъӕудзӕн кусджыты ракӕнын фӕтыхджындӕргонд вариантмӕ", - загъта Цоциты Азӕмӕт.
Уый ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй зынгсирвӕзтты аххосаг фылдӕр хатт свӕййы адӕймаджы уӕлӕнгай ахаст.
Уый фӕдыл президент бахӕс кодта Мидхъуыддӕгты министр Гӕззаты Валерийӕн фӕтыхджындӕр кӕнын фадыгон ӕххӕстбарджынты куыст, цӕмӕй уыдон зонгӕ кӕной цӕрджытӕн зынгсирвӕзтон ӕдасдзинады фӕтк, уӕлдайдӕр та сӕрдыгон рӕстӕджы.
Афтӕ ма УУМ сӕргълӕууӕджы х.ӕ. ма фехъусын кодта, 23 августӕй кӕй райдайдзысты нывӕзтон басгӕрсттӕ республикӕйы скъолаты, уыдон балхынцъ уыдзысты ног ахуыры райдианмӕ.
Хуссар Иры скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.08.2022
Хуссар Иры 57 скъолайы басгардзысты зынгсирвæзтты æдасдзинады уавæр – УУМ
Ног хабӕртты лентӕ
0