ПӔК: Хуссар Иры арӕныл Гуырдзыстонимӕ иу мӕймӕ ӕрцахстой 33 фӕткхалӕджы

© Sputnik / Natalia Airiyan Арӕнгӕрон зонӕ
Арӕнгӕрон зонӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны хицӕн ӕмӕ хицӕн фадгуытыл июлы ӕрцахстӕуыд 33 фӕткхалӕджы, хъусын кӕны дыццӕджы республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.
Уагдоны бамбарын кодтой, ӕрцахстуӕвджытӕй 21 кӕй фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, 12 та - арӕнгӕрон режим.
Комитеты арӕнгӕрон службӕ алкӕцы фӕткхӕлды тыххӕй дӕр ауагъта равзӕрст, уый фӕстиуӕгӕн 12 адӕймаджы бафыстой ивар, ӕртӕйы феддӕдуар кодтой республикӕйӕ ӕнӕ иварон санкцитӕй, 10 арӕнхалӕджы ӕрцыдысты фӕдзӕхст, ӕмӕ ма ноджы асты фӕдыл ма цӕуы басгӕрст.
"Уыимӕ бафидгӕ иварты бӕрц у 41 мин сомы", - банысан кодтой ӕдасдзинады комитеты.
ПӔК зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, арӕнгӕрон зонӕйы уӕвыны тыххӕй химӕ кӕй хъуамӕ уой ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документтӕ.
Хелцуайы хъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2022
ПӔК Арӕнгӕрон службӕ дарддӕр фидар кӕнынц Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арӕнтӕ
Уагдоны ма ноджы фехъусын кодтой, Гуырдзыстоны та кӕй февзӕрдӕр эпидемиологон уавӕр - фылдӕрӕй фылдӕр кӕнынц коронавирус ӕмӕ конго-крымаг геморрагион лихорадкӕйӕ рынчынтӕ (ис дзы мӕлӕтдзаг цаутӕ дӕр). Уый фӕдыл комитет уынаффӕ кӕны арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджытӕн, цӕмӕй арӕнхалджытимӕ ма хизой контактмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0