Президент снысан кодта Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министры, уый базонгӕ кодтой коллективӕн

Президент снысан кодта Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министры, уый базонгӕ кодтой коллективӕн
Президент снысан кодта Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министры, уый базонгӕ кодтой коллективӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады ног министрӕй нысан ӕрцыд Марат Павлов, ӕмбӕлон барамынд дыццӕджы бафыста республикӕйы президент Гаглойты Алан.
Ноджы ма иу бардзырдӕй президент ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй Гарзджын тыхты Генштабы сӕргълӕууӕг Виктор Федровы.
Дыццӕджы Гаглойты Алан базонгӕ кодта уагдоны коллективӕн сӕ ног министры. Уый банысан кодта, Марат Павлов дӕргъвӕтин рӕстӕджы кӕ ӕмгуыст кодта хъахъхъӕнынадон уагдонимӕ ӕмӕ бахаста ахадгӕ хайбавӕрд министрады хӕстхъомдзинад сфидар кӕнынмӕ.
© Пресс-служба президента РЮОПрезидент снысан кодта Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министры, уый базонгӕ кодтой коллективӕн
Алан Гаглоев представил личному составу Министерства обороны нового руководителя - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2022
Президент снысан кодта Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министры, уый базонгӕ кодтой коллективӕн
Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг ма бахахх кодта, хъахъхъӕнынады министрады кусджытӕн сӕ мызд фӕдылдӕр кӕныны фарст дӕр кӕй уыд ног министры компетенцийы.
"Уырны мӕ, министрады потенциал ног къухдариуӕгады фӕрцы кӕй фӕфылдӕр уыдзӕн ӕмӕ уавӕр фӕхуыздӕр уыдзӕн алы къабӕзты дӕр - кусджыты кусытмызды фӕфылдӕрӕй райдайгӕйӕ ӕфсады хӕстхъомдзинадыл схӕцыны онг. Марат Григорийы фыртӕн ис ӕппӕт уавӕртӕ дӕр уый тыххӕй. Сидын уӕм, цӕмӕй йӕ фарсмӕ балӕууат", - загъта президент.
Йӕхи рдыгӕй Марат Павлов бузныг загъта президентӕн йе 'ууӕнчы тыххӕй.
"Нырыккон дуджы цӕуынц ивындзинӕдтӕ ӕмӕ РХИ хъахъхъӕнынады министрад хъуамӕ фӕстейӕ ма зайа. Уӕлдай хъусдард здахдзыстӕм национ кадртӕ бацӕттӕ кӕнынмӕ ӕмӕ хӕстхъомдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнынмӕ, афтӕ ма кусджыты социалон ифтонгадмӕ. Ацы аз нын нывӕзты ис ӕфсӕддонты фиддонты индексаци", - загъта уый.
Пухаты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.08.2022
Хуссар Иры президент ссæрибар кодта сæ бынæттæй хъахъхъæнынады министр æмæ йæ хæдивæджы
Хъахъхъӕнынады раздӕры министр Пухаты Владимир йӕ бынатӕй сӕрибар ӕрцыд 12 августы, министрады кусджытӕ республикӕйы ӕмбӕстаджы куы фӕнадтой Цхинвалы медцентры цур, уый фӕстӕ. Уӕд ма йӕ бынатӕй систой министры хӕдивӕг Ӕлборты Игоры дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0