"Банымадтой нӕ!". УФ минӕвар Хуссар Иры радзырдта, куыд сӕмбӕлд 2008 азы 26 августыл

© Sputnik / Natalia AiriyanМарат Кулахметов
Марат Кулахметов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 авг – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов радзырдта йӕ мысинӕгтӕ, куыд ӕмӕ кӕм сӕмбӕлд ресбубликӕйы хӕдбардзинад банымайыны фӕдыл ног хабарыл 14 азы размӕ, уый тыххӕй.
Цыппӕрӕмы, Хуссар Ирыстоны сӕйрагдӕр паддзахадон бӕрӕгбонтӕй иу - Хӕдбардзинад банымайыны боны - хӕдразмӕ Sputnik пресс-центры ацыд видеохид Цхинвал – Сухум – Симферополь, кӕцы нывонд уыд ацы датӕйӕн.
"Цыппӕрдӕс азы размӕ хабӕрттӕ мысгӕйӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц уыцы хъысмӕтхӕссӕг бонтӕ. 22 августы республикӕйы уӕды президент Кокойты Эдуард ӕмӕ парламент бахатыдысты УФ раздзог ӕмӕ Федералон советы дыууӕ палатӕмӕ дӕр хӕдбардзинад банымайыны куырдиатимӕ. 26 августы Федерацийы Совет ӕмӕ Паддзахадон думӕ балӕууыдысты куырдиаты фарсмӕ ӕмӕ уыцы бон Уӕрӕсейы президент бафыста барамынд хӕдбардзинад банымайыны фӕдыл", - загъта Кулахметов.
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.08.2022
ФХМ сӕргълӕууӕг: Хуссар Иры паддзахад у ӕххӕст алы атрибутӕй дӕр
Дипломат радзырдта, уыцы бон кӕй уыд Хуссар Ирыстоны, зылд постытыл, ӕмӕ горӕтмӕ ӕрыздӕхгӕйӕ федта, Цхинвал кӕй у ӕнахуыр хъӕлдзӕг, хӕдтулгӕтӕ цӕуынц тырысатимӕ.
"Уыдтон ӕй, цыдӕр кӕй ӕрцыдис, фӕлӕ йӕ не 'мбӕрстон - цы. Стӕй мӕм чидӕр ӕрбалыгъд ӕмӕ загъта: "Банымадтой нӕ!". Уӕд банкъардтой диссаджы ирд эмоцитӕ, Хуссар Ирыстоны хӕстфӕллад адӕмы къухты бафтыд, бирӕ ӕзты цӕуыл тох кодтой, уыцы хӕдбардзинад", - ӕрымысыд минӕвар.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны банымайыны бон у ахсджиаг бон ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм баззайдзӕн йӕ хъуыдыйы.
2008 азы Марат Кулахметов уыд гуырдзиаг-ирон конфликты зонӕйы ӕмхӕццӕ фидауынгӕнӕн тыхты командӕгӕнӕг.
Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад 2008 азы 26 августы, Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны операцийы фæстæ. Уый фæстæ республикæты суверенитет банымадтой ноджы Никарагуа, Венесуэла, Науру æмæ Сири.
Ног хабӕртты лентӕ
0