Зынгсирвæзтон æдасдзинад халджыты Хуссар Ирыстоны райдайдзысты ивар кæнын

© Пресс-служба МВД РЮОЗынгсирвæзтон æдасдзинад халджыты Хуссар Ирыстоны райдайдзысты ивар кæнын
Зынгсирвæзтон æдасдзинад халджыты Хуссар Ирыстоны райдайдзысты ивар кæнын - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik. Зынгсирвæзтон æдасдзинады нормæтæ халджыты ныхмæ Хуссар Ирыстоны исдзысты административон æфхæрды мадзæлттæ, хъусын кæны республикæйы мидхъыддæгты министрады пресс-службæ.
Зынгфæдисонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2022
Хуссар Иры зынгфæдисонтæ иу суткæмæ ахуыссын кодтой хус кæрдæджы цалдæр ссыгъды
Фæстаг къуыриты Хуссар Ирыстоны ис æнтæф боныгъæдтæ. Ӕнахуыр тæвдты фæстиуæгæн бирæбæрцæй фæфылдæр ис зынгсирвæзтты нымæц. Арæхдæр ссудзы хус кæрдæг быдырты æмæ цæхæрадæтты.
"Административон бæрнæй дарддæр ма фæткхалджыты ныхмæ гом цæудзысты уголовон хъуыддæгтæ дæр, кæд æмæ уыдон аххуысæй зынгсирвæзт скуынæг кæна фæллой, науæд та бахъыгдард уой адæм", - бафæдзæхстой министрады.
Уагдоны ма зæрдыл æрлæууын кодтой, æрдзы хъæбысы уæвгæйæ æнæмæнгхъæуæг кæй у аудгæ ахаст дарын æмæ æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0