Ныфс хъуамӕ кӕддӕриддӕр уа. Цхинвалы Ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бон ацыд пресс-конференци

© Sputnik / Дзерасса ТеховаЦхинвалы Ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бон ацыд пресс-конференци
Цхинвалы Ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бон ацыд пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны гӕнӕн ис фӕзына закон "Ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты фӕдыл" - ахӕм инициативӕ хъавы бахӕссын республикӕйы президенты цур адӕймаджы барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Тасойты Инал. Уый тыххӕй омбудсмен фехъусын кодта брифингы информаци ӕмӕ мыхуыры комитеты пресс-центры.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм закон ис Абхазы ӕмӕ у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг, цӕмӕй ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы бинонтӕ зоной сӕ бартӕ ӕмӕ льготӕтӕ.
Гуырдзыстоны агрессийы ӕзты дӕргъы ӕбӕрӕгӕй фесӕфджытыл нымад цӕуынц Хуссар Ирыстоны 130 цӕрӕгӕй фылдӕр. Тасойты Инал куыд банысан кодта, афтӕмӕй Ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бон республикӕйы цӕрджытӕн у тынг ахсджиаг датӕ.
"Фесӕфӕг адӕм кӕй разындзысты, уый ныфс хъуамӕ уа кӕддӕриддӕр. Ӕнӕ уый куыст адарддӕр кӕнынӕн ницы нысаниуӕг ис. 2008 азы ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты аст адӕймаджы, уыдонӕй дыууӕйы ссардӕуыд. Сӕ иуы - Тедеты Маирбеджы - стӕгдар разынд Мӕздӕджы. 2016 азы йӕ сэксгумаци кодтой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ райгуырӕн хъӕу Малдайы. Ноджы ма иуы - Ходты лӕппуйы, кӕцы фесӕфт 2009 азы, ссардтой Хуссар Иры территорийыл ӕмӕ йӕ радтой столицӕйы моргмӕ", - радзырдта уый.
Омбудсмены ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстон, Уӕрӕсе ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ 2010 азӕй фӕстӕмӕ уадзынц фембӕлдтӕ ӕртӕварсон мехинизмы фӕлгӕтты Сырх Дзуары ӕхсӕнадӕмон комитеты сӕрдариуӕгадӕй. Уыцы бадзырдты фӕрцы райстӕуыд бирӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ, фӕлӕ уӕддӕр уыдон фаг не сты.
Цхинвал, ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2022
Хуссар Ир хъӕуты сӕвӕрдзысты асыктӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты тыххӕй информаци ӕмбырд кӕнынӕн
Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, республикӕйы цалдӕр арӕнгӕрон хъӕуы кӕй сӕвӕрдтой асыктӕ анонимон информаци тымбыл кӕныны тыххӕй адӕмӕй, кӕцытӕ гӕнӕн ис ӕмӕ зоной исты бӕрӕггӕнӕнтӕ фесфджыты хъысмӕт ӕмӕ бынаты фӕдыл. Уымӕй дарддӕр ма скуыста ӕууӕнчы телефон дӕр. Тасойты Инал равдыста ныфс, гуырдзыстойнаг хицауад дӕр кӕй сараздзӕн ӕнгӕс къахдзӕф ӕмӕ сывӕрдзӕн ахӕм асыччытӕ сӕхи территорийыл дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0