Цырты бæсты фæйнæг: куыд сæнусон кæндзысты Сагкаты Валерийы ном Цхинвалы

© Из архива Вано БекоеваЦырт
Цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны адӕмон артист, зарӕггӕнӕг ӕмӕ композитор Сагкаты Валерийӕн Цхинвалы сӕвӕрдзысты мемориалон фӕйнӕг. Цырт сӕвӕрын не 'нтысты къуындӕг финансон авналӕнты аххосӕй, фехъусын кодта Sputnik инициатортӕй сӕ иу Мамиты Григорий.
Сагкаты Валерийы мысӕн концерты афишӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.11.2017
Цхинвалы расидтысты конкурс Сагкаты Валерийы цырты хуыздæр эскизы фæдыл
"Сӕрмагондӕй ацы нысанӕн цы концерттӕ ауагътам, уым ӕрмӕст 300 мин сомы ӕрӕмбырд. Нӕ номдзыд ӕмзӕххонӕн аккаг цыртӕн хъӕуы астӕуккаг нымадмæ гӕсгӕ йӕ сӕвӕрыны хӕрдзтимӕ иумӕ иу милуан æмæ ӕрдӕг. Йӕ рӕстӕджы дӕр ӕй ӕмбӕрстам, ӕрмӕст акцитӕй хъӕугӕ суммӕ кӕй нӕ 'рӕмбырд кӕндзыстӕм, ныфс нӕ уыд разамынды ӕххуысӕй, фӕлӕ хъуыддаг ныффӕстиат ис", - загъта уый.
Мамиты Григорийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ фӕрӕзтӕ фаг кӕнынц ӕрмӕст мемориалон фӕйнӕгӕн.

"Аскъуыдзаг кодтам, Харебаты Исахъы уынгыл цы хӕдзары цард, уым бакӕнын фӕйнӕг, фӕлӕ хӕдзар у аварион ӕмӕ хъуамӕ ӕрцӕуа пырх, уый дӕр та фӕстиад кӕны нӕ архайды",- бафтыдта уый.

Сагкаты Валерийӕн цырт хъавыдысты сӕвӕрын Харебаты Исахъы уынгыл уӕвӕг скверы.
Зындгонд ирон зарӕггӕнӕг Сагкаты Валерий фӕмард 16 февралы. Уӕд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хсæн иунæг фæндагыл зæйы бын фесты 20 адæймагæй фылдæр, се 'хсӕн номдзыд спортсмен Коцты Гри æмæ адæмон артист Сагкаты Валерий дæр. Валерийыл цыд 41 азы.
Харебаты Вадим - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.01.2021
Харебаты Вадим: Сагкаты Валерий уыд уникалон тембры хицау
Ног хабӕртты лентӕ
0