Украинӕйаг ӕфсад фехста ЗАЭС территори

© Sputnik / Константин Михальчевский Запорожаг АЭС, горӕт Энергодар
 Запорожаг АЭС, горӕт Энергодар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik. Украинӕйаг ӕфсад фехста Запорожаг АЭС территори, хъусын кӕны РИА Новости бынӕттон хицауады информацийыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Горӕты къухдариуӕгад куыд хъуыды кӕны, афтӕмӕй фехстты аххосаг ссис киеваг хицауады комкоммӕ фӕнд фехалын МАГАТЭ мисси Рафаэль Гроссийы сӕргълӕудӕй.
Раздӕр ДИФ фехъусын кодтой, МАГАТЭ инспекци кӕй ацӕудзӕн ЗАЭС 31 августӕй 3 сентябры онг.
Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын ӕхсӕнадӕмон ахастыты цур Венӕйы Михаил Ульяновы ныхӕстӕм гӕсгӕ, мисси ныридӕгӕн рацыд Запорожаг областьмӕ. Делегацийы сконды ис МАГАТЭ секретариаты 15 кусӕджы онг, кӕцыты архайд баст у ядерон ӕдасдзинадимӕ". Объектмӕ балцы уыдон хизын кӕнынц ООН минӕвӕртты къорд.
ЗАЭС - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.08.2022
Запорожаг областы хицауад ратдзæн МАГАТЭ-йæн ЗАЭС Украинæйы рдыгæй фехсты фæдыл æвдисæнтæ
УФ президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй делегаци бахиздзӕн ЗАЭС территоримӕ Украинӕйы Гарзджын тыхты дӕлбар уӕвӕг зонӕйы уылты.
Ног хабӕртты лентӕ
0