Украинӕйы Гарзджын тыхты ног бабырсты фӕлвӕрд фӕкъуыхцы ис - УФ хъахъхъӕнынады министрад

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæӕфсӕддон
ӕфсӕддон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.08.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 авг – Sputnik. Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады фехъусын кодтой, Зеленскийы режимы бафӕлвӕрд сног кӕнын бабырсттӕ Николаево-Криворожскаг ӕмӕ ӕндӕр здӕхтытӕм кӕй фӕкъуыхцы.
"Цӕрӕн пункттӕ Архангельское, Ольгино ӕмӕ Терновые Подымӕ ӕнӕнтыст бабырстты рӕстӕджы ныхмӕлӕууӕг баййӕфта зынгӕ зиӕнттӕ ӕмӕ йӕ уӕрӕсейаг ӕфсад аппӕрста фӕстӕмӕ", - радзырдтой уагдоны.
Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, цӕрӕн пункт Сухой Ставокы районы кӕй ныппырх кодтой УГТ 57-ӕм мотопехотӕйон бригадӕйы.
Хъахъхъӕнынады министрады ма куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй дыууӕ суткӕмӕ ӕнӕнтыст бабырстты фӕстиуӕгӕн украинӕйаг ӕфсад кӕй фесӕфта цыппар хӕстон хӕдтӕхӕджы: дыууӕ СУ-25, иу СУ-24 ӕмӕ иу МиГ-29. Афтӕ ма уӕлдӕфы спырх кодтой ӕртӕ украинӕйаг вертолеты Ми-8.
Запорожаг АЭС - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.08.2022
Уæрæсейаг æфсæддонтæ æрыппæрстой украинæйаг дрон Запорожаг АЭС-ы цур
Уӕрӕсейаг ӕфсад ма скуынӕг кодта 63 украинӕйаг танчы, фистӕгӕфсады 59 хӕстон машинӕйы, 48 ӕндӕр фӕфидаргонд машинӕйы, 14 никапы егъаукалиберон пулеменнтимӕ ӕмӕ 1700 фылдӕр ӕфсӕддоны.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0