Италиаг флейтисткæ Моника Морони æрцыд Беслæнмæ фыдохы мадзæлтты хайад райсынмæ

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæБеслæн
Беслæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 сен - Sputnik. Флейтисткæ Моника Морони Итали æмæ Сан-Маринойæ делегацийы сконды æрцыд Беслæнмæ фыдохы мадзæлтты хайад райсынмæ, кæцытæ нывонд сты 2004 азы теракты 18-æм афæдзыбонæн, хъусын кæны майрæмбоны Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад (ФХМ).
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй музыкант сразы комитет "Беслæны мæдты" æрхуындæн, балцы инициатор æмæ организатор та Хуссар Ирыстоны ФХМ минæварад Италийы.
Нысангонд æрцыд, Морони кæй ратдзæн концерттæ æмæ цалдæр мастер-классы Беслæны музыкалон скъолатæ æмæ ахуыргæнæндæтты ахуырдзаутæн.
Хуссар Ирыстоны ФХМ минæвар Италийы Мауро Мурджа банысан кодта, италиæгтæ кæй хъынцъым кæнынц Ирыстоны сывæллæтты амарыныл æмæ бахахх кодта, ахæм трагеди фидæны кæй нæй гæнæн æруадзын.
Беслæны теракт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2022
Беслæны райдыдта æртæбонон мысæн вахта 2004 азы теракты амæттæгты фæдыл
ФХМ бафтыдтой, зæгъгæ, Италийы æмбæстæгтæ "фыццæгты хсæн фæзылын кодтой фыдракæнд, кæцы æркодта бирæ зиæнттæм, Республикæ Сан-Маринойы бынæттон цæрджытæ ацы трагедийæн нывонд сæвæрдтой бронзæйон композици – Беслæны сывæллæттæн цырт".
2004 азы 1 сентябры террористтæ бацахстой Беслæны фыццæгæм скъола æмæ амынæты систой 1128 адæймаджы, кæцыты æртæ боны хъизæмарæй мардтой. Теракты фæстиуæгæн бабын ис 334 адæймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0