Хуссар Иры фӕззӕджы ацӕудзысты дыууӕ театры гастрольтӕ

© Sputnik / Наталья АйриянТеатр, Цхинвал
Театр, Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр фӕззӕджы ӕрфысым кӕндзӕн дыууӕ театры - Цӕгат Ирыстоны ирон театр ӕмӕ Ульяновскы труппӕйы, фехъусын кодта Sputnik театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
"Ныридӕгӕн цӕттӕ кӕнӕм Ульяновскы театры рцыды нывӕзт. Уыдон уыдзысты цыппар боны дӕргъы Цхинвалы. Сӕ репертуары ис спектакльтӕ ӕмӕ сабитӕн равдысттӕ. Мах нӕхӕдӕг уыдонмӕ уазӕгуаты уыдыстӕм дыууӕ хатты - 2009 ӕмӕ 2019-ӕм ӕзты", - загъта уый.
Аивадон къухдариуӕггӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый фӕстӕ та Хуссар Ирыстон ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны театрты хсӕн ацӕудзысты дыууӕварсон гастрольтӕ.
"Дӕргъвӕтин гастрольтӕ баст сты стыр хӕрдзтимӕ, уымӕ гӕсгӕ сараздзыстӕм дыууӕварсон равдысттӕ", - бафтыдта уый.
Ӕмрӕстӕджы ма ныхас цӕуы дыууӕ ирон республикӕты хицауады ӕмвӕзадыл, цӕмӕй Дзӕуыджыхъӕу ӕмӕ Цхинвалы театрты ӕмархайд цӕуа ӕнгомдӕрӕй.
Хуссар Иры драмон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2022
Хуссар Иры драмтеатр хайад райсдзӕн ӕхсӕнадӕмон фестивалы Ереваны
Ног хабӕртты лентӕ
0