Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ хус кӕрдӕг ссыгъд цыппар хатты

© Sputnik / Natalia AiriyanЗынгфæдисонтæ
Зынгфæдисонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕ ахуыссын кодтой хус кӕрдӕджы дыууӕ ссыгъды, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы УУМ радгӕсон хайады. Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн ма республикӕйы территорийыл ноджы ис дыууӕ зынгсирвӕзты, уым дӕр артимӕ тох кӕнынц кусджыты къордтӕ.

"Кӕрдӕг судзы Знауыры районы Балтайы хъӕуы. Афтӕ ма ссыгъ Къоркъулайы хъӕуы цур кӕрдӕг дӕр. Зынгсирвӕзт иуварс кӕны иу бригадӕ, ӕххуысмӕ йын атындзыдта дыккаг дӕр. Зынвадат бынат кӕй у, уымӕ гӕсгӕ арт хуыссын кӕнынц къухӕй", - загъта радгӕсон.

Фæстаг мæй Хуссар Ирыстоны ис тынг æнтæф боныгъæдтæ. Ӕнахуыр тæвдты фæстиуæгæн бирæбæрцæй фæфылдæр ис зынгсирвæзтты нымæц. Арæхдæр ссудзы хус кæрдæг быдырты æмæ цæхæрадæтты.
Зынгсирвæзтон æдасдзинад халджыты Хуссар Ирыстоны райдайдзысты ивар кæнын - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.08.2022
Зынгсирвæзтон æдасдзинад халджыты Хуссар Ирыстоны райдайдзысты ивар кæнын
Ног хабӕртты лентӕ
0