https://sputnik-ossetia.com/20220905/gagloyty-alan-zonyndzinadty-bon-bauazag-kam-akhuyr-kodta-uytsy-skolama-18690128.html
Гаглойты Алан Зонындзинӕдты бон бауазӕг, кӕм ахуыр кодта, уыцы скъоламӕ
Гаглойты Алан Зонындзинӕдты бон бауазӕг, кӕм ахуыр кодта, уыцы скъоламӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан Зонындзинӕдты бон бабӕрӕг кодта цытджын линейкӕ горӕт Цхинвалы 12-ӕм астӕуккаг... 05.09.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-09-05T14:30+0300
2022-09-05T14:30+0300
2022-09-05T14:30+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
бæрæгбон
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/05/18684726_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_1cadb623c812725b85390059cf58f339.jpg
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан Зонындзинӕдты бон бабӕрӕг кодта цытджын линейкӕ горӕт Цхинвалы 12-ӕм астӕуккаг скъолайы, цы ран ахуыр кодта йӕхӕдӕг дӕр.Бӕрӕгбон рауад тынг хъӕлдзӕг, алырдыгӕй хъуыст музыкӕ, худт ӕмӕ ӕрттывтой дидинджыты губаккытӕ. Уазджыты нымӕцы та уыдысты Италийы минӕвӕрттӕ ӕмӕ скъолайы номдзыд рауагъдонтӕ."Бузныг зӕгъын чысыл сабиты ныййарджытӕн, кӕцытӕ баууӕндыдысты ӕмӕ ӕрбакодтой сӕ зӕнӕг махмӕ", - загъта скъолайы директор Ӕрсойты Геннадий.Ӕдӕппӕтӕй 12-ӕм скъолайы фыццагкъласонты нымӕц у 51, уыдон дих ӕрцыдысты дыууӕ къласыл. Ногдзаутӕ бацӕттӕ кодтой ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр.Хуссар Ирыстоны фӕндзӕм сентябры нысан кӕнынц Зонындзинӕдты бон. Сӕ дуӕрттӕ ӕгас республикӕйы бакодта 56 скъолайы, ХИПУ ӕмӕ цалдӕр ахуыргӕнӕндоны.
https://sputnik-ossetia.com/20220905/ua-khas---akhuyr-ama-akhuyr-khipu-banysan-kodta-zonyndzinadty-bon-18689380.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/09/05/18684726_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_106be764a4e9d9d331791c92db93c9e5.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, бæрæгбон, ахуырад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, бæрæгбон, ахуырад
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан Зонындзинӕдты бон бабӕрӕг кодта цытджын линейкӕ горӕт Цхинвалы 12-ӕм астӕуккаг скъолайы, цы ран ахуыр кодта йӕхӕдӕг дӕр.
"Абон мӕ фарсмӕ лӕууынц мӕ ахуыргӕнджытӕ. Бузныг се 'ппӕтӕн дӕр, кӕй схъомыл кодтой фӕсивӕды аккаг фӕлтӕртӕ. Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы сабыр арвы бын цӕрын, цӕмӕй уӕ ныййарджыты зӕрдӕтӕ рухс кӕнат ӕрмӕст уӕ хорз ахуырӕй. Уӕ фидӕн та уа, уӕ ныййарджытӕ куыд уыдтой сӕ фынты, афтӕ", - загъта президент ахуырдзаутӕн.
Бӕрӕгбон рауад тынг хъӕлдзӕг, алырдыгӕй хъуыст музыкӕ, худт ӕмӕ ӕрттывтой дидинджыты губаккытӕ. Уазджыты нымӕцы та уыдысты Италийы минӕвӕрттӕ ӕмӕ скъолайы номдзыд рауагъдонтӕ.
"Бузныг зӕгъын чысыл сабиты ныййарджытӕн, кӕцытӕ баууӕндыдысты ӕмӕ ӕрбакодтой сӕ зӕнӕг махмӕ", - загъта скъолайы директор Ӕрсойты Геннадий.
Ӕдӕппӕтӕй 12-ӕм скъолайы фыццагкъласонты нымӕц у 51, уыдон дих ӕрцыдысты дыууӕ къласыл. Ногдзаутӕ бацӕттӕ кодтой ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр.

Зонындзинӕдты бон Хуссар Иры

Зонындзинӕдты бон Хуссар Иры

Зонындзинӕдты бон Хуссар Иры

Зонындзинӕдты бон Хуссар Иры
Зонындзинӕдты бон Хуссар Иры
Зонындзинӕдты бон Хуссар Иры
Зонындзинӕдты бон Хуссар Иры
Зонындзинӕдты бон Хуссар Иры
Хуссар Ирыстоны фӕндзӕм сентябры нысан кӕнынц Зонындзинӕдты бон. Сӕ дуӕрттӕ ӕгас республикӕйы бакодта 56 скъолайы, ХИПУ ӕмӕ цалдӕр ахуыргӕнӕндоны.