Италиаг флейтисткæ, кæцы ралæууыд Беслæны, ратдзæн концерт Цхинвалы

© Monica MoroniМоника Морони
Моника Морони - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik, Козаты Диана. Беслæны трагедийы 18-æм афæдзыбонмæ фыццаг хатт æрцыд номдзыд флейтисткæ Сан-Маринойæ Моника Морони. Уый хайад райста фыдохы мадзæлтты Хуссар Ирыстоны ФХМ æмæ йæ минæвар Италийы Мауро Мурджайы руаджы.
Къуырисæры уазджытæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ. Моника Морони радзырдта йæ фыццаг концертты тыххæй Беслæны трагедийы фæдыл, йæ фыццаг балцы Ирыстонмæ æмæ абоны ралæудыл Цхинвалы.
"Сан-Маринойы фыццаг хатт Беслæны сывæллæтты мысæнæн цырты раз куы ралæууыдтæн, уæд уæ иуыл тынгдæр фæдис кодта полицийы кусæг, кæцы хъахъхъæдта мæ ралæуыд. Æз уыдтон, куыд хъынцъым кодта уый дæр ацы трагедийыл", - радзырдта уый.
Беслæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.09.2022
Италиаг флейтисткæ Моника Морони æрцыд Беслæнмæ фыдохы мадзæлтты хайад райсынмæ
Фыдохы мадзæлттыл Морони сæххæст кодта Бах æмæ испайнаг композиторты уацмыстæ.
Уый ма радзырдта йæ фыццаг бæллиц кæй уыд æрцæуын Беслæнмæ æмæ ралæууын ацы адæмы раз.
Цхинвалы абон изæр ацæудзæн Монико Моронийæн ноджы иу концерт.
"Абон сæххæст кæндзæн Россинийы "Тарантелла" æмæ кæцыдæр нырыккон музыкæ. Уымæн æмæ абон у бæрæгбон, абон байгом сты скъолатæ, цин кæнынц сывæллæттæ æмæ ныййарджытæ, уый фæдыл ацы изæр уыдзæн зынгæ мажорон", - радзырдта Морони.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, нырма йын нæ бантыст базонгæ уын Ирыстоны хуссар хайимæ.
"Æз нырма бирæ нæ федтон. Уый фæдыл идзæлын абоны бонæй", - загъта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0