Хуссар Ирыстоны æфсæддонтæн схæцдзысты сæ мыздтыл - хъахъхъæнынады министр

© Минобороны РоссииХуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæ
Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 сен - Sputnik. Хуссарирыстойнаг æфсæддонтæн ацы аз октябрæй фæфылдæр кæндзысты сæ мыздтæ 20 проценты, ноджы ма дыууæ хатты (ноджы уыййæстæ) сæ мыздтæ фæфылдæр уыдзысты 2023 æмæ 2024 æзты, фехъусын кодта хъахъхъæнынады министр Марат Павлов, кæцыйы ныхæстæ хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Министр радзырдта офицертимæ рауæрæхгонд рабадты Мæскуымæ йæ кусæгон балцы фæстиуджыты тыххæй, кæцы уагъд æрцыд президент Гаглойты Аланы барамындæй.
Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Марат Павлов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2022
Хъахъхъӕнынады министр фембӕлд УФ ахуыргӕнӕндӕтты хуссарирыстойнаг курсантты ныййарджытимӕ
Павловы ныхæстæм гæсгæ, æфсæддон службæгæнджыты социалон ифтонгады æмвæзадыл схæцыныл "куыст цыд дæргъвæтин рæстæджы, æртæ азмæ æввахс, фæлæ 2021 азы кæрон æрцыд урæд". Стæй та куыст сног ис Гаглойты Алан бæстæйы сæргълæууæджы бынатмæ куы бахызт æмæ Мæскуымæ куы ацыд, уый фæстæ.
Хъахъхъæнынадон уагдоны сæргълæууæг бахахх кодта, зæгъгæ, президент цы хæстæ æмæ нысæнттæ æрæвæрдта сæ разы, уыдон иууылдæр æххæст æрцыдысты.
"Фидаргонд æрцыд æфсæддонты мыздты индексацийы алгоритм, æмбæлон документ бафыстæуыд. Мыздтæ фæдылдæр уыдзысты æртæ этапæй. Фыццаг этап реализаци æрцæудзæн ацы аз октябры æмæ цыдзæн 20 проценты бæрц. Фæфылдæргонд мыздтæ кусджытæн бафиддзысты мартæй фæстæмæ мæйтæн", - бамбарын кодта Павлов.
Аннæ дыууæ этапы та æххæст æрцæудзысты 2023 азы 1 январæй æмæ 2024 азы 1 январæй, уæд дæр мыздтæ фæфылдæр уыдзысты фæйнæ 20 проценты.
Афтæ ма куыст цæуы граждайнаг кусджыты мызд фæфылдæр кæныныл - документы реализаци нывæзтгонд у ног азмæ, бафтыдта министр.
Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады территори - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2022
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады райдыдта мулчы инвентаризаци
Ног хабӕртты лентӕ
0