Дзуæрттæ æмæ кувæндæтты таурæгътæ. Тхосты дзуары сæфт. Ног дзуар. Куырысдзаутæ

Дзуæрттæ æмæ кувæндæтты таурæгътæ
Рафыссын
Афæдз иу хатт иу ранмæ æрæмбырд вæййынц куырысдзаутæ. Уыцы хъуыддаг арæхдæр вæййы Ногбоны. Кæм æрæмбырд вæййынц, уый хуымæтæг адæмæй ничи зоны. Куырысдзаутæ сæхæдæг дæр хуымæтæг адæймæгтæ не сты, фæлæ дæснытæ. Куыд дзурынц, афтæмæй уыдон сæ балцы размæ тарф фынæй бавæййынц, стæй сæ удтæ сæ буарæй ахицæн вæййынц æмæ куырысдзау ацæуынц. Фынæйы размæ куырысдзау кæд лæг у, уæд йæ усы бафæдзæхсы, кæд ус у, уæд та йæ лæджы, цæмæй йæ мачи райхъал кæна, цалынмæ йæхæдæг сыхъал уа, уæдмæ. Уыцы фæдзæхст нæ сæххæст кодтой, зæгъгæ, уæд æваст æрбамæлдзæн. Куырысдзаутæй чи уисойыл абады, чи бандоныл, чи гæдыйыл, чи куыдзыл, чи фæхтыл, стæм хатт бæхыл дæр æмæ тындзынц нысангонд бынатмæ. Ардыгæй, сæ разæй хохы зæдтæ æмæ дзуæрттæ, афтæмæй араст вæййынц Тæтæртуппы ныхмæ. Тæтæртупп у куыд Иры, афтæ Кæсæджы дзуар дæр, фæлæ фарсласæн кæны кæсæгæн, уымæ гæсгæ йын стыр тох рауайы нæ хохы зæдтимæ.
Æрцæуынц, Тæтæртуппы сæрмæ цы рагъ ис, уырдæм, Ир æмæ Кæсæджы арæнмæ. Уым Иры зæдтæ æмæ куырысдзаутæ хъуамæ байсой хоры нæмгуытæ. Бацæуынц карз тохы. Хæцынц, дам, фат æмæ æрдынæй. Бирæ фæхæцынц, стæй, чи фæуæлахиз вæййы, уыдон раскъæфынц хоры куырис, æрызгъалынц дзы хоры нæмгуытæ æмæ сæ ракалынц сæхи бæстæйы ’рдæм. Уыцы хъуыддаг нысан кæны, знæгтæй хоры амонд кæй байстой æмæ Ног азы сæ зæххыл хорз тыллæг кæй уыдзæн, уый.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0