Хуссар Иры Паддзахадон драмтеатрӕн снысан кодтой ног директоры

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры театр
Хуссар Иры театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 сен– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры директорӕй снысан кодтой Адӕмон артист Гаглойты Артуры. Майрӕмбоны коллективӕн ног хистӕры бавдыста культурӕйы министр Зӕгъойты Рада.
"Адӕмон артист, профессионал ӕмӕ хорз ӕмгар Гаглойты Артур коллективимӕ ӕнгом архайдӕй ракӕндзӕн театр размӕ. Уый снысан кӕныны рӕстӕджы хынцыд цыд коллективы хъуыды", - хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ министр Зӕгъойты Радайы ныхӕстӕ.
Уагдоны ма банысан кодтой, зӕгъгӕ, ног директор баныфсӕвӕрдта, фыццаг рады хъусдард кӕй аздахдзӕн ног репертуар сфидар кӕнынмӕ ӕмӕ кӕсӕджы театрмӕ ӕрбалвасынмӕ.
Уымӕй размӕ ПДТ-йы директортӕй хицӕн рӕстӕджыты куыстой Уалыты Мӕдинӕ, Дзудцаты Тамерлан, Къацты Филипп ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0