Цырты баконд, тыхӕвзарӕн ӕмӕ уӕрӕх мадзӕлттӕ: Куыд банысан кӕндзӕн Къуайса йӕ бӕрӕгбон

© Sputnik / Natalia Airiyan Къуайса
Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 сен– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы уӕрӕхӕй банысан кӕндзысты горӕт Къуайсайы 15-азон юбилей, фехъусын кодта Sputnik мэр Хуыгаты Алан.
Юбилейон датӕмӕ Къуайсайы сӕвӕрдзысты цырт, бацӕттӕ кӕнындзысты уӕрӕх концертон нывӕзт, спортивон ерыстӕ, ӕрхондзысты уазджытӕ.
Къуайсайы бӕрӕгбон Республикӕйы бон ӕмӕ Тырысайы боны тыххӕй аргъӕвтой 28 сентябрьмӕ.
"18 сентябры у горӕты бӕрӕгбон, фӕлӕ уыцы бонты республикӕ нысан кӕндзӕн дыууӕ ахсджиаг датӕйы, уымӕ гӕсгӕ йӕ аргъӕвтам фӕстӕдӕрмӕ. Развӕлгъау уый у 28 сентябрь", - загъта горӕты хистӕр.
Юбилейон датӕмӕ ӕрзæткъахæн рауагъдады бындурæвæрæг, йæ фыццаг директор Чиаты Иосифæн цырт сæвæрдзысты шахтæмæ сцæуæны.
"Бюст йӕ бындуримӕ уыдзӕн дыууӕ метрӕй бӕрзонддӕр. Ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕрзӕткъахӕнтӕм схизӕны, уыцы бынат горӕты хонынц "проходной", - бафтыдта уый.
Хæсдзæн стыр пайда:Къуайсайы шахтæйы раздæры кусæг æрзæткъахæн сæндидзын кæныны тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.03.2022
"Хæсдзæн стыр пайда": Къуайсайы шахтæйы раздæры кусæг æрзæткъахæн сæндидзын кæныны тыххæй
Фыццаг уал горӕты хицӕуттӕ бавналдзысты цӕрӕн пункт фӕлындынмӕ.
"Республикӕйы разамынад хъуамӕ рахицӕн кӕна финансон фӕрӕзтӕ бӕрӕгбон саразынӕн, йе 'ххуысы къух фӕдардзӕн экс-премьер Хуыгаты Ростик дӕр", - загъта Хуыгаты Алан.
Къуайсайы бӕрӕгбонон хиирхӕфӕн нывӕзты уыдзӕн спортивон ерыстӕ, концерт Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны артистты хайадистӕй.
"Ӕрхондзыстӕм уазджытӕ республикӕйы разамынд ӕмӕ районтӕй, Цӕгат Ирыстонӕй. Концерты архайдзысты бынӕттон зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны артисттӕ. Уымӕй дарддӕр бӕрӕгбон суыдзӕн тыхӕвзарӕн дӕр - ӕрмхӕстӕй, ядро ӕхсынӕй, уӕзтӕ исынӕй", - загъта Хуыгаты Алан.
Горӕты разамонӕг бафиппайдта, нырмадӕр горӕты статус куыд ӕмбӕлы афтӕ фидар кӕй не 'рцыд, фӕлӕ ууыл ныридӕгӕн куыст цӕуы.
Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.02.2022
Хуссар Иры Къуыдаргомы самайдзысты бирӕфатерон хӕдзар
Ног хабӕртты лентӕ
0