Хуссар Иры спецназæн хъæуы службæ хæссыны уавæртæ фæхуыздæр кæнын - хъахъхъæнынады министр

© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮОМарат Павлов базонгæ ис Мулдарты Зелимы номыл сæрмагонд нысаниуæгджын батальоны службæ хæссыны уавæртимæ
Марат Павлов базонгæ ис Мулдарты Зелимы номыл сæрмагонд нысаниуæгджын батальоны службæ хæссыны уавæртимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Марат Павлов радта хæслæвæрдтæ сæрмагонд нысаниуæджы хæстонтæн фæхуыздæр кæныны службæ хæссыны æмæ æфсæддон хæстæ æххæст кæныны уавæртæ.
Раздæр министр базонгæ ис Мулдарты Зелимы номыл сæрмагонд нысаниуæгджын батальоны службæ хæссыны уавæртимæ. Хъахъхъæнынадон уагдоны сæргълæууæг басгæрста батальоны дислокацийы пункты уавæр, уымæн радзырдтой дæлхайады æмæ ахуырадон базæты материалон-техникон ифтонгдзинады тыххæй.
Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.09.2022
Хуссар Ирыстоны æфсæддонтæн схæцдзысты сæ мыздтыл - хъахъхъæнынады министр
Министрады пресс-службæйы банысан кодтой, зæгъгæ, басгæрсты фæстиуджытæм гæсгæ Марат Павлов бахæс кодта баххæст кæнын материалон исад, хицæн хатæнтæй пайдакæнынадæн саразын оптимизаци, фæхуыздæр кæнын улæфт æмæ сæрибар рæстæг æрвитыны уавæртæ. Хæслæвæрдтæ хъуамæ æххæст æрцæуой цыбыр æмгъуыдмæ, уагдоны къухдариуæгад бакæндзæн æппæт æнæмæнгхъæуæг æххуыс.
Павлов ма бахахх кодта, хæстон цæттæдзинады нывæзты кæй ис стыр уагъæвæрд сæрмагонд нысаниуæджы службæгæнджытыл, æмæ гъæдджын æмæ фæстиуæгджын куыстæн та кæй хъæуы саразын уавæртæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0