Къуыдаргомы донхосгæнæндон: кæд райсдзæн фыццаг уазджыты объект

© batraz_kachmazovКъуайса
Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 сен - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссары Иры горæт Къуаисамæ хæстæг донхосгæнæндон баххæст кодтой цæрæн хатæнтæй, фехъусын кодта Sputnik горæты мэр Хуыгаты Алан.
Донхосгæнæндоны хъæдын рæсугъд бæстыхай у Къуаисайæн амалиуæггæнæг, Хуссар Иры экс-премьер Хуыгаты Ростикы лæвар. Æрæзт æрцыд горæтмæ хæстæг Хæрдысæры хъæуы 2020 азы. Хосгæнæнмæ низтæ сурæг дон цæуы 4 километры дæрддзæфæй, йæ саразæджы райгуырæн хъæу Мыртгæджынæй.

"Ӕрæджы объект баххæст кодтам егъау вагонæй, кæцы нымад у дæс адæймагыл. Самал æй кодта горæты разамынад, фæлæ та нæм йæ сæвæрыны хъуыддаджы дæр фæкаст Хуыгаты Ростик", - загъта Хуыгаты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, объект куыд кусдзæн, уыцы фарст лыг æрцæудзæн йæ бардарæгимæ фембæлды рæстæджы.
"Сентябры горæт Къуаисайы юбилейы цытæн мадзæлттæм æрцæудзæн Хуыгаты Ростик æмæ уыимæ аскъуыддзаг кæндзыстæм дохосгæнæндон скусын кæныны фарст", - бахахх кодта мэр.
Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.09.2022
Цырты баконд, тыхӕвзарӕн ӕмӕ уӕрӕх мадзӕлттӕ: Куыд банысан кӕндзӕн Къуайса йӕ бӕрӕгбон
Объект цы донгуырæны бындурыл æрцыд арæзт, уымæн йæ хосгæнæн æууæлтæ рагæй хъуыстгонд сты, йæ ратæдзæнмæ къахфæндагыл цыдысты куыд Ирыстоны къуымтæй, афтæ фæсарæнтæй дæр
Æрæмæст хосгæнæны агъуысты арæзтады хæрдзтæ ахызтысты 5,5 милуанæй. Ныридæгæн уагдон нырма æххæстæй нæ кусы, фæлæ эксплуатацимæ у цæттæ. Ис дзы цыппар ваннæйы, хъармгæнæн системæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0