https://sputnik-ossetia.com/20220914/tyrysa-ama-respublikayy-bonta-kuyd-banysan-kandzysty-akhsdzhiag-datata-khussar-iry-rayonty-18867638.html
Тырыса ӕмӕ Республикӕйы бонтӕ: куыд банысан кӕндзысты ахсджиаг датӕтӕ Хуссар Иры районты
Тырыса ӕмӕ Республикӕйы бонтӕ: куыд банысан кӕндзысты ахсджиаг датӕтӕ Хуссар Иры районты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 14 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ног къуыри банысан кӕндзыстыты дыууӕ ахсджиаг паддзахадон бӕрӕгбоны - Тырыса ӕмӕ Республикӕйы бонтӕ... 14.09.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-09-14T11:40+0300
2022-09-14T11:40+0300
2022-09-14T11:41+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
бӕрӕгбон
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/08/1a/11069199_46:628:2570:2048_1920x0_80_0_0_517eebe157da3a958974fd8d20cee945.jpg
ЦХИНВАЛ, 14 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ног къуыри банысан кӕндзыстыты дыууӕ ахсджиаг паддзахадон бӕрӕгбоны - Тырыса ӕмӕ Республикӕйы бонтӕ. Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ цӕудзысты канд столицӕйы нӕ, фӕлӕ ма районон центрты дӕр.Хуссар Ирыстоны ӕрбалӕугӕ къуыри кӕрӕдзи фӕстӕ цӕуынц бӕрӕгбонтӕ. 19 сентябры у Тырысайы бон, йӕ хӕдфӕстӕ Хуссар Ирыстон банысан кӕндзӕн Республикӕйы бындурӕвӕрды 32 азы.Цхинвалы районы бӕрӕгбонты агъоммӕ скъолаты ауадздзысты историйы сӕрмагонд уроктӕ.Дыууӕ ахсджиаг датӕ ӕнӕхъусдард нӕ ныууадзысты Знауыры районы дӕр."16 сентябры Знауыры поселочы культурӕйы хӕдзары ацӕудзӕн бӕрӕгбонон концерт районы коллективтӕ ӕмӕ ӕрхонгӕ зарӕггӕнджыты тыхтӕй. Нӕ концерт нын барӕсугъд кӕндзысты вокалисттӕ Плиты Лана, Икъаты Ибрагим ӕмӕ Багаты Шота", - загъта районы культурӕйы хайады хистӕр Икъаты Марина.Уый ма бафтыдта, тырысайы боны цытӕн поселочы центры кӕй схӕцдзысты паддзахадон тырысайыл ӕмӕ йӕ фарсмӕ сараздзысты чысыл митинг. Тырысайы боны цытӕн ӕнгӕс мадзӕлттӕ уыдзӕн Ленингоры районы дӕр.Ӕрвылаз Дзауы поселочы дӕр дыууӕ бӕрӕгбоны банысан кӕнынц уӕрӕхӕй."Ӕртӕ азы размӕ районы ногдзаутӕ поселочы сӕрмӕ сӕвӕрдтой национ тырыса. Ӕрвыл аз дӕр уыдон ссӕуынц ӕмӕ раивынц тырысайы. Уыимӕ иумӕ Кады Аллейы ацӕудзӕн тырысайы бӕрӕгбон", - загътой Дзауы районы пресс-службӕйы.
https://sputnik-ossetia.com/20220912/tsyrty-bakond-tykhavzaran-ama-uarakh-madzaltta-kuyd-banysan-kandzan-kuaysa-ya-baragbon-18826989.html
https://sputnik-ossetia.com/20220909/tskhinvaly-administratsiyy-radzyrdtoy-respublikayy-bony-tsytan-madzaltty-tykhkhay-18778774.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e4/08/1a/11069199_216:634:2101:2048_1920x0_80_0_0_aa332be096e8c1f8961beaaca35deade.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, бӕрӕгбон
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, бӕрӕгбон
ЦХИНВАЛ, 14 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ног къуыри банысан кӕндзыстыты дыууӕ ахсджиаг паддзахадон бӕрӕгбоны - Тырыса ӕмӕ Республикӕйы бонтӕ. Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ цӕудзысты канд столицӕйы нӕ, фӕлӕ ма районон центрты дӕр.
Хуссар Ирыстоны ӕрбалӕугӕ къуыри кӕрӕдзи фӕстӕ цӕуынц бӕрӕгбонтӕ. 19 сентябры у Тырысайы бон, йӕ хӕдфӕстӕ Хуссар Ирыстон банысан кӕндзӕн Республикӕйы бындурӕвӕрды 32 азы.
Цхинвалы районы бӕрӕгбонты агъоммӕ скъолаты ауадздзысты историйы сӕрмагонд уроктӕ.
"Майрӕмбон ӕмӕ сабаты районы ӕппӕт скъолаты ацӕудзысты нырыккон историйы сӕрмагонд уроктӕ. Хъуамӕ алы скъоладзау дӕр зона, куыд фидар цыд республикӕ ӕмӕ цы нысан кӕнынц тугӕй ӕлхӕд тырыса ӕмӕ паддзахад", - загъта районы ахуырады хайады гӕс Козаты Олег.
Дыууӕ ахсджиаг датӕ ӕнӕхъусдард нӕ ныууадзысты Знауыры районы дӕр.
"16 сентябры Знауыры поселочы культурӕйы хӕдзары ацӕудзӕн бӕрӕгбонон концерт районы коллективтӕ ӕмӕ ӕрхонгӕ зарӕггӕнджыты тыхтӕй. Нӕ концерт нын барӕсугъд кӕндзысты вокалисттӕ Плиты Лана, Икъаты Ибрагим ӕмӕ Багаты Шота", - загъта районы культурӕйы хайады хистӕр Икъаты Марина.
Уый ма бафтыдта, тырысайы боны цытӕн поселочы центры кӕй схӕцдзысты паддзахадон тырысайыл ӕмӕ йӕ фарсмӕ сараздзысты чысыл митинг.
Тырысайы боны цытӕн ӕнгӕс мадзӕлттӕ уыдзӕн Ленингоры районы дӕр.
"Дыууӕ датӕ дӕр нысан цӕудзысты нӕ районы. Концерт ацӕудзӕн районы культурӕйы хӕдзары Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны стъалыты хайадистӕй. Уымӕй дарддӕр ма район республикон равдыстмӕ Цхинвалмӕ рахӕдзӕн йӕ хъӕууонхӕдзарадон тыллӕджы продукци", - загътой Ленингоры администрацийы пресс-служӕйы.
Ӕрвылаз Дзауы поселочы дӕр дыууӕ бӕрӕгбоны банысан кӕнынц уӕрӕхӕй.
"Ӕртӕ азы размӕ районы ногдзаутӕ поселочы сӕрмӕ сӕвӕрдтой национ тырыса. Ӕрвыл аз дӕр уыдон ссӕуынц ӕмӕ раивынц тырысайы. Уыимӕ иумӕ Кады Аллейы ацӕудзӕн тырысайы бӕрӕгбон", - загътой Дзауы районы пресс-службӕйы.