Дзабиты Иналы хъуыддаг хъуамӕ фӕстӕмӕ баздӕха прокуратурӕмӕ - президент

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ Генералон прокуратурӕ
РХИ Генералон прокуратурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бахӕс кодта цыбыр ӕмгъуыдмӕ баздахын фӕстӕмӕ прокуратурӕмӕ ног басгӕрстмӕ Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕдыл хъуыддаг.
Цыппӕрӕмы бӕстӕйы сӕргълӕууӕг ауагъта ӕрвылкъуырион ӕмбырд тыхон структурӕты сӕргълӕуджытимӕ.
"Фӕстаг хатт дзурын ацы хъуыддаджы тыххӕй. Куыд гӕнӕн ис, ӕмӕ прокуратурӕйы дыууӕ минӕварӕн - горӕттаг ӕмӕ Уӕлдӕр тӕрхондӕтты - иу уголовон хъуыддаджы фӕдыл уа хицӕн хъуыдытӕ? Кӕнӕ хъуыддаг уыдзӕн прокуратурӕйы, кӕнӕ прокуратурӕйы кусджытӕ афӕндараст уыдзысты сӕ хӕдзӕрттӕм", - загъта Гаглойты Алан.
Августы Цхинвалы горӕттаг тӕрхондон рахаста скъуыддзаг хъуыддаг фӕстӕмӕ прокуратурӕмӕ баздахыны фӕдыл, цӕмӕй иуварс ӕрцӕуой фӕдысгӕрсты рӕстӕджы ӕруадзгӕ згъуыдтытӕ.
Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.08.2022
Цхинвалы тӕрхондон аздӕхта Дзабиты Иналы хъуыддаг прокуратурӕмӕ уӕлӕмхас равзӕрсты тыххӕй
Фӕстӕдӕр фӕбӕрӕг ис, Уӕлдӕр тӕрхондон кӕй аивта ацы скъуыддзаг ӕмӕ йӕ баздӕхта фӕстӕмӕ тӕрхондонмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0