Цхинвалы сӕхгӕндзысты цалдӕр уынджы Республикӕйы бӕрӕгбоны рӕстӕгмӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Милиция
Милиция - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik. Ӕфсӕддон парад ӕмӕ репетицийы рӕстӕджы Цхинвалы цалдӕр уынгыл уыдзӕн арӕнвӕрд фӕндагон змӕлдыл.
Цытджын мадзал ацӕудзӕн дыццӕджы, 20 сентябры. Репетицитӕ цӕудзысты ӕртӕ боны.
Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ хъусын кӕны, 16 ӕмӕ 17 сентябры ӕхгӕд уыдзӕн Театралон фӕзуат райсом фараст сахатӕй сихоры фыццаг сахатӕмӕ.
"17 ӕмӕ 20 сентябры 9 сахатӕй ӕфсӕддон коллоннӕйы рацыды рӕстӕг сӕхгӕндзысты Фидауынгӕнӕг, Нарты, Октябры, Тасойты Иналы ӕмӕ Сталины уынгтӕ. 20 сентябры райсӕм фараст сахартӕй сихоры дыууӕ сахатмӕ ӕхгӕд уыдзӕн Сталины уынг Путины уынгтӕй Харебаты Исахъы уынгы онг",- бахахх кодтой пресс-службӕйы.
20 сентябыры 1990 азы Адӕмон депутаты совет рахаста уынаффӕмӕ Хуссар Ирыстоны автономон областы статус скӕнын Хуссар Ирыстоны Демократон Республикикӕмӕ Советон цӕдисы сконды. Ацы къахдзӕф уыд фыццаг хӕдбардзинадмӕ фӕндагыл. 20 сентябырь та ссис сӕйраг паддзахадон бӕрӕгбонтӕй сӕ иу.
Митинг День мужества и единства  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.09.2022
Хуссар Иры æппæт скъолаты ацæудзæн паддзахадон символты тыххæй иумæйаг урок
Ног хабӕртты лентӕ
0