Цхинвалы тӕрхондон аргъӕвта Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл рабадт

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы тӕрхондон аргъӕвта Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл рабадт
Цхинвалы тӕрхондон аргъӕвта Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik, Гæбæраты Элина. Цхинвалы тӕрхондон аргъæвта Дзабиты Иналы хъуыддаг прокуратурæмæ арвитыны фæдыл куырдиатмæ æркаст. Йæ аххосаг уыд зæрдæмæхсайгæ Годжысаты Зауыр кæй нæ уыд рабадты, уый.
Уымæн йæ адвокат фехъусын кодта, лæппу кæй у рынчын æмæ баныфсæвæрдта, кæй бавдисдзæн уый фæдыл æмбæлон гæххæтытæ радон рабадты.
"Скуыддзаг цæуы прокуратурæмæ хъуыддаг аздахыны фарст æмæ æнæ зылынмæ лæвæрдтæй уый лынг кæнын нæй гæнæн", - загъта Цхинвалы тӕрхондоны тæрхонгæнæг Тыбылты Инал.
Уыймæй дарддæр ма тæрхондоны рабадты адарддæр кодтой Наниты Ацæмæз æмæ Багаты Аланы ахæст ноджы дыууæ мæймæ.
Тæрхонджоны радон рабадт нысан у къуырисæры 11 сахатмæ.
2020 азы августы кæрæтты Хуссар Ирыстоны МХМ криминалон милицийы бæстыхайы æрфарстыты фæстæ амард Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал. Цхинвалы центры ацыдысты митингтæ, цæмæй бафхæрой йæ амæлæты аххосджынты.
РХИ Генералон прокуратурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2022
Дзабиты Иналы хъуыддаг хъуамӕ фӕстӕмӕ баздӕха прокуратурӕмӕ - президент
Ног хабӕртты лентӕ
0