Рӕстдзинадыл тохы символ: президент раарфӕ кодта Хуссар Иры цӕрджытӕн Тырысайы боны фӕдыл

© Sputnik / Наталья АйриянИрон тырыса
Ирон тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. Ирон тырыса у рӕстдзинад, хӕдбардзинад, фыдӕлты ӕвзаг ӕмӕ культурӕ бахъахъхъӕны сӕраппонд адӕмы тохы символ. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы арфӕйы Паддзахадон тырысайы боны цытӕн.

"Нӕ адӕмы тохы символ Ирыстоны ног историйы урс-сырх-бур ӕртӕхуыз ссис 1989 азы - национ хиӕмбарынады райхъалы рӕстӕджы. Национ символикӕ сфидар кӕнын уыд нӕ адӕмы хиидентификацийы формӕтӕй иу, гуырдзыстойнаг нацистон къухдариуӕгад цы ӕбуалгъ гӕдыныхӕстӕ парахат кодта ӕнӕхъӕн дунейы ирон адӕмы ныхмӕ йæ агресси сраст кӕныны оххыл, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ", - дзырдӕуы арфӕйы.

Гаглойты Алан бахахх кодта, ирон тырыса ӕппӕт уыцы ӕзты кӕй разӕнгард кодта фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты уӕлахизтӕм, ӕрбангом кодта ӕппӕт ирон адӕмы сӕ барты сӕрыл тохы, разӕнгард кодта фӕллойгӕнджыты, интеллигенцийы, спортсменты ног бӕрзӕндтӕм.
Чистота, доблесть и благополучие: флаг Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.09.2022
Сыгъдӕгдзинад, ӕхсар ӕмӕ фӕрныгад: Хуссар Ирыстоны тырыса
Президент ма бафтыдта, ирон ӕртӕхуыз кӕй у нӕ иумӕйаг бӕллицты сӕххӕст - иудзинад, сабырад, фӕрныгад ӕмӕ сӕрибардзинад.
Ног хабӕртты лентӕ
0