Чидӕртӕ спекуляци кӕнынц Хуссар Иры референдум ацуадзыны темӕйыл - президент

© Пресс-служба президента РЮО Anton TaybareyХуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы тырысатӕ
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстон Уӕрӕсейы скондмӕ быхизыны фӕдыл референдумы фарсыл Мӕскуыйы никӕимӕ ацыд уынаффӕтӕ ӕмӕ йын уыд ӕнӕрӕстӕгон. Уый рабӕрӕг ис ацы аз июны уӕрӕсейаг фарсимӕ консультациты рӕстӕджы, дзырдӕуы президент Гаглойты Аланы куырдиаты, кӕцы мыхуыр ӕрцыд бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы сайтыл.
"Фембӕлды фӕстиуджытӕ хынцгӕйӕ, мах хъӕуы ауадзын уӕрмх ӕхсӕнадон уынаффӕтӕ Уӕрӕсейы Федерациимӕ дарддӕры интеграцийы вариантты тыххӕй, ӕрцӕуын иу хатдзӕгмӕ референдумы фарсты фӕдыл ӕмӕ уый фӕстӕ ауадзын дарддӕры консультацитӕ уӕрӕсейаг фарсимӕ", - загъта уый.
Гаглойты Алан фехъусын кодта, зӕгъгӕ, ацы хъысмӕтхӕссӕг фастӕн ӕндӕргъуызон аскъуыддзаггӕнӕн нӕй. Уый хорз ӕмбарынц республикӕйы ӕппӕт политикон тыхтӕ дӕр, фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, чидӕртӕ хъавынц референдум ауадзыны темӕйыл спекуляци кӕнын.
"Нымайын ӕнӕрайсгӕйыл политикон очкотӕ кусын Уӕрӕсеимӕ баиуы темӕйыл, кӕцыйы тыххӕй нӕ хуыздӕр минӕвӕрттӕ радтой сӕ удтӕ. Уымӕй дарддӕр ма ахӕм серьезон темӕйыл ӕнӕӕрӕмдзыхгонд сидтытӕ ӕмӕ куырдиӕттӕ нӕ стратегион партнеры ӕрдыгӕй ӕмбӕлынц ӕнӕмбарынадыл", - бахахх кодта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.
РХИ президент Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.09.2022
Хуссар Ир алыварсонӕй ис ДАР ӕмӕ ЛАР референдумты фарс - Гаглойты Алан
Гаглойты Алан куыд банысан кодта, афтӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адарддӕр уыдзӕн цӕттӕгӕнӕн куыст уӕрӕсейаг фарсимӕ ӕнгом ӕмгуыстадӕй, Уӕрӕсейы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны интерестӕ хынцгӕйӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0