Хъæуы агурын æндæр фæзуæттæ. Эксперт Хуссар Иры ОБСЕ рабадтмæ ма бауадзыны тыххæй

© Sputnik / Алексей ВитвицкийВаршава
Варшава - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik, Козаты Диана. Ныгуылæн дарддæр уадзы политикæ Уæрæсе æмæ йæ цæдисонты æхсæнадæмон блокадæйы фæдыл, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны президенты информацион-аналитикон дæлхайады сæргълæууæг Уазæгты Юрий.
Ацы аз ОБСЕ рабадты организатортæ рахастой æнæххæстгæнæн домæнтæ Хуссар Ирыстоны делегаттæн регистрацийы рæстæджы. Польшайы официалон хицауад блок кодта алы фадат дæр сæ территоримæ бацæуынæн.
"Мах радон хатт уынæм, ныгуылæйнаг бæстæты кæй нæ фæнды фехъусын цæстæнгас, кæцы дзуапп нæ дæтты сæ интерестæн. Æвæццæгæн, уыдон тарстысты, нæ делегаци кæй фехъусын кæндзæн хабæрттæ, кæцытæ сæ нæ фæнды парахат кæнын, уый фæдыл сын фадат нæ радтой ацы форумы куысты хайад райсынæн", - банысан кодта Уазæгты Юрий.
Уыимæ иумæ эксперт бахахх кодта, ацы форматы куыст зын кæй у схонын эффективон, уый фæдыл дзы хуссарирыстойнаг делегаци йæ хайадистæй стыр дивиденттæ нæ райстаид.
ОБСЕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.09.2022
Хуссар Иры делегацийы нæ бауагътой ОБСЕ рабадты хайад райсын Варшавайы
Фæлæ уæддæр уый уыд фæзуат, кæцыйы руаджы Хуссар Ирыстонæн йæ бон уыд хæццæ кæнын йæ цæстæнгас æмæ информаци дунейы æхсæнадмæ, уымæн æмæ Гуырдзыстонæн ахæм фадæттæ зынгæ фылдæр ис.
Уазæгты Юрийы хъуыдымæ гæсгæ, ахæм уаæры Хуссар Ирыстоны хъæуы хынцын процесстæ, кæцытæ цæуынц дунейы æмæ агурын рахизæнтæ дунейы æндæр регионтæм, кæцытæ баст не сты Ныгуылæны позицийыл.
"Æхсæнадæмон хъуыддæгты авансценæмæ арæхдæр рахизынц дунейы æндæр регионтæ. Æввахс рæстæджы махæн уыдзæн актуалон фарст райтынг кæнын æмгуыстад æндæр бæстæтимæ, сæ нымæцы Æввахс Скæсæн, Азийы бæстæтæ, Латинаг Америкæ, цæмæй сæ фæзуæттыл размæ кæнæм нæ позици", - загъта уый.
Афтæ ма уый зæрдыл æрбалæууын кодта Китайы ФХМ куырдиат, цы ран банысан кодтой, Уæрæсейы ныхмæ санкцитыл разы кæй не сты дунейы бæстæты цæрджыты 85 проценты.
Ног хабӕртты лентӕ
0