Арӕзтады министр радзырдта 2023-2025 ӕзтӕн Хуссар Иры райрӕзты Инвестпрограммӕйы тыххӕй

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦӕрӕнуаты арӕзтад Цхинвалы
Цӕрӕнуаты арӕзтад Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг Инвестицион программӕ 2023-2025 азтӕн цӕуы басгӕрст ӕхсӕнхицауадон къамисы уӕрӕсейаг хаййимӕ, фехъусын кодта йӕ интервьюйы Sputnik республикӕйы арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуард.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног программӕйы проект арӕзт ӕрцыд мӕй ӕмӕ ӕрдӕджы размӕ. Нырма документы ис ӕрмӕстдӕр хуссарирыстойнаг фарсы ӕнхъарӕнтӕ. Министр бамбарын кодта, программӕ арӕзт кӕй цӕуы бӕрӕг критеритӕм гӕсгӕ, кӕцыты аскъуыддзаг кӕнынц ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадтытыл.
© Sputnik / Natalia AiriyanЗӕгъойты Эдуард
Эдуард Дзагоев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.09.2022
Зӕгъойты Эдуард
Зӕгъойты Эдуард ма радзыртта критериты тыххӕй дӕр, кӕцытӕм гӕсгӕ равзарынц иу кӕнӕ иннӕ объекттӕ ӕмӕ мадзӕлттӕ ӕмӕ сӕ бахӕссынц Инвестпрограммӕмӕ.
"Фыццаг - уыдон сты объекттӕ, кӕцыты арӕзтад райдыдта раздӕр ӕмӕ мадзӕлттӕ хаст ӕрцыдысты ног азмӕ. Дыккаг - ахӕм объектты арӕзтад ӕмӕ мадзӕлтты реализаци, кӕцытӕ здӕхт сты республикӕйы райрӕзты инфраструктурон къуыхцыдзинӕдтӕ аиуварс кӕнынмӕ. Ног программӕйы сӕйраг хъусдард здӕхт цӕуы хисӕрмагонд экономикӕйы райрӕзтмӕ. алыгъуызон уагдӕтты бакондмӕ", - радзырдта министр.
Мадзӕлтты равзӕрсты ноджы иу критерий уый схуыдта сӕрмагонд кӕнӕ социалон нысаниуӕгджын объектты арӕзтад, ӕрмӕст уыдон ӕрӕмныхгонд хъуамӕ ӕрцӕуой ӕхсӕнхицауадон къамисы.
Дмитрий Вольвач - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2022
Ног программӕимӕ Хуссар Ирӕн фӕзындзӕн ног фадӕттӕ дӕр - Дмитрий Вольвач
Министр рахицӕн кодта цалдӕр егъау ӕмӕ ахсджиаг объектты, кӕцытӕ реализаци ӕрцӕудзысты фидӕны Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты. Уыдон сты фӕндаг Ерцъо-Синагуры арӕзтад балхынцъ кӕнын, цӕрӕнуаты арӕзтад адарддӕр кӕнын, дӕлзӕххон инженерон хӕтӕлты реконструкци ӕмӕ столицӕуы уынгты хӕрзарӕзтад, доны хӕтӕл Едыс-Цхинвалы реконструкци. Фӕстаг, Зӕгъойты Эдуарды ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕрджытӕн у тынг ахсджиаг ӕмӕ хъӕуӕг мадзал.
Ног хабӕртты лентӕ
0