Хуссар Иры æнæном бæрзæндтæ снывонд кодтой дыууæ номдзыд гоймагæн

© Sputnik / Ян ГабараевЗонкъар
Зонкъар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны дыууæ æнæном бæрзæнд снывонд кодтой студентон клуб "Аполлон"-ы бындурæвæрæг Саулохты Тамара æмæ граждайнаг хæсты хъайтар Санахъоты Матейæн.
Хæххон бæрзæндтæн ацы нæмттæ раттыны фарст æртыццæджы хорзыл банымадта министрты кабинет.
"Бæрзæндтæй иуæн Саулохты Тамарайы ном раттыны фæдыл хъæппæрис Юстицийы министрадмæ бахаста студентон клуб "Аполлон". Алчидæр зоны Саулохты Тамарайы, йæ хайбавæрд студентон змæлд æмæ республикæйы арæзтадмæ. Мах хорзыл банымадтам ацы хъæппæрис", - загъта юстицийы министр Гаглойты Олег.
Аналогион хъæппæрис рахаста Хæххон спорты федераци дæр. Уый банхъардта раттын бæрзæндæн Санахъоты Матейы ном.
Дыууæ бæрзæнд дæр сты Хуссар Ирыстоны Дзауы районы.
Хуссар Иры фæзынд Саулохты Тамарайы номыл бæрзæнд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.09.2022
Хуссар Иры фæзынд Саулохты Тамарайы номыл бæрзæнд
Ног хабӕртты лентӕ
0