Хуссар Иры Ручъы скъолайӕ сараздзысты сӕрдыгон лагерь

© Sputnik / Фатима Плиева / Школа в РукРучъы скъола
Ручъы скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Ручъы хъӕуы скъолайы бӕстыхай пырх кӕнынӕй бахизыны охыл ивд цӕуы йӕ агъуыст, фехъусын кодтой Sputnik районы администрацийы пресс-службӕйы.
"Бӕстыхайӕн ныридӕгӕн ивд цӕуы йӕ агъуыст, цӕмӕй йӕ бахизӕм ныккӕлынӕй. Ног азы та нӕ нӕ фадӕттӕ куыд амоной, афтӕмӕй сӕ сцалцӕг кӕндзыстӕм, цӕмӕй йӕ бон райсын уа сӕрдыгон лагерьтӕ", - хъусын кӕны пресс-службӕ районы администрацийы хистӕр Тыбылты Вандайы ныхӕстӕ.
Егъау бӕстыхайы ныридӕгӕн кусынц хъӕуы библиотекӕтӕ ӕмӕ администраци.
"Хъӕуы администрацийы агъуыст ӕмӕ библиотекӕ уыдысты бындӕр, фӕлӕ сӕ бӕстыхӕйттӕ ӕрцыдысты ӕдзаллаг уавӕрмӕ ӕмӕ ныр кусӕм скъолайы иу къуымы. Фидӕны скъолайы бӕстыхаййӕ хъавынц саразын улӕфӕн лагерь. Лӕууы рӕсугъд аив бынаты", - загъта хъӕуы администрацийы хистӕр Плиты Дима.
Хуссар Иры Дзауы районы цалцӕг кӕнын скъолатӕ Зонындзинӕдты бонмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2022
Хуссар Иры Дзауы районы цалцӕг кӕнынц скъолатӕ Зонындзинӕдты бонмӕ
Уый ма бафиппайдта, кӕддӕр ам кӕй уыд егъау нӕргӕ скъола.
"2000-ӕм ӕзты дӕр ма куыста. Советон рӕстӕг та дзы ахуыр кодта ӕввахс хъӕуты фӕсивӕд дӕр. Ам уӕвынад кодта интернат дӕр, цы ран цард Ирыстоны цӕгатӕй дӕр ӕмӕ хуссарфарсӕй дӕр сывӕллӕттӕ. Уыдон иууылдӕр цыдысты Ручъы астӕуккаг скъоламӕ", - бафтыдта уый.
Ныридӕгӕн ма Быннаг, Астӕуккаг ӕмӕ Уӕллаг Ручъы цӕры ӕрмӕст 15 хӕдзары.
Ног хабӕртты лентӕ
0