Хуссар Иры рæмудзæн æрмæг сæвæрыны хъусинаг гæнæн ис æрбацыд украинæйаг интернет-ресурсæй

© Sputnik / Natalia AiriyanХИПУ эвакуаци
ХИПУ эвакуаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 сен – Sputnik. Специалисттæ не ссардтой рæмудзæн æрмæджытæ хуссарирыстойнаг паддзахадон университеты æмæ Цхинвалы скъолаты, хъусын кæны Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæ.
Анонимон хъусинæгтæ ахуыргæнæндæтты рæмудзæн æрмæджытæ сæвæрыны фæдыл бацыдысты ХИПУ æмæ юстицийы министрады электронон адрестæм цыппæрæмы 10:22 æмæ 10:24 сахатыл.
"Терроритсон æртхъирæны локализацийы фæдыл мадзæлтты фæстиуæгæн арæзт æрцыд оперативон штаб, кæцыйы сконды сты ПÆК, МХМ, Паддзахадон хъахъхъæнынады службæ, УУМ, ÆРС æмæ Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ. Ауагътой университет æмæ Цхинвалы скъолаты эвакуаци. Ныры онг рæмудзæн æрмæджытæ не ссардæуыд", - фехъусын кодтой ПÆК.
ХИПУ эвакуаци кæнынц рæмудзæн æрмæджы фæдыл хъусинаджы фæстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2022
ХИПУ эвакуаци кæнынц рæмудзæн æрмæджы фæдыл хъусинаджы фæстæ
Уагдоны банысан кодтой, зæгъгæ, нывæндынц ауадзын басгæрсттæ Хуссар Ирыстоны æндæр цæрæн пунктты ахуыргæнæндæтты дæр, афтæ ма сабидæтты.
"Барадхъахъхъæнджытæ оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæджы сбæрæг кодтой, рæмудзæн æрмæг сæвæрыны фæдыл хъусинаг кæй æрбарвыстой интернет-ресурсæй, кæцы гæнæн ис уа Украинæйы территорийыл, æмæ кæцыдæр миниуджытæй у хъусинæгты хуызæн, кæцытæ фæстаг мæйы дæргъы æрвыстой Дзæуджыхъæуы ахуыргæнæндæттæм", - фехъусын кодтой ПÆК пресс-службæйы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, ныртæккæ Хуссар Ирыстоны тыхон структурæтæ иууылдæр дарддæр локализаци кæнынц террористон æртхъирæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0