Нафиимӕ зонгӕ кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй мын йӕ преми уӕлдай зынаргъ у - Бестауты Аланӕ

© Sputnik / Бестауты Аланайы архивӕй Джусойты Нафийы премийы лауреат Бестауты Алана
 Джусойты Нафийы премийы лауреат Бестауты Алана - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Джусойты Нафийы премийы ӕртыккаг къӕпхӕны ӕвзонг лауреат Бестауты Аланӕ куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй йын ацы преми у дыууӕ хатты фылдӕр бӕрнондзинад, уымӕн ӕмӕ зыдта генийӕн йӕхи.
Бӕрзонд хорзӕх ӕрыгон чызг райста йе 'мдзӕвгӕты дыккаг ӕмбырдгонд "Тӕхуды"-йы тыххӕй, кӕцы мыхуыры рацыд Дзӕуыджыхъӕуы.
Аланӕ Джусойты Нафиимӕ фембӕлд, ахуыргонд Цӕгат Ирыстоны рынчындоны куы уыд, уӕд. Чызг уыцы рӕстӕджы нырма ахуыр кодта скъолайы. Нафи бамбӕлд ӕрыгон чызджы ӕмдзӕвгӕтыл газеты ӕмӕ йӕхи бафӕндыд фембӕлын.
"Бацыдтӕн ӕм рынчындонмӕ, бирӕ фӕныхас кодтам. Фыццаг уал ме 'сфӕлдыстады хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ хорздзинӕдтыл, дарддӕр куыд кусын мӕхиуыл, уыдӕттыл. Мӕ уарзон поэт Хаджеты Таймураз кӕй у, уый куы базыдта, уӕд загъта, кӕй йӕ уырны ӕмӕ ирон литературӕйы къахдзӕфтӕ кӕй сараздзынӕн ӕз", - загъта Аланӕ.
Фембӕлд ахаста ӕртӕ сахаты, чызг ма хорз бахъуыды кодта, Нафи йын кӕй балӕвар кодта Къуыдаргомӕй хаст ӕнахуыр стыр сырх фӕткъуы.
"Къуыдаргомӕй хаст стыр сых фӕткъуы ссис нӕ фембӕлды символ. Уыцы фембӕлд мӕнӕн баххуыс ӕмӕ мын радта тырнындзинад. Уый гени уыд ӕмӕ у. Йӕ номыл преми райсын та мыл ӕвӕры стыр хӕс ӕгас ирон аив дзырды раз. Стӕй ма премийы хицау уыд Джыккайты Шамил дӕр, уыцы хъуыды дӕр мӕ сӕрӕй нӕ хизы", - бафтыдта чызг.
Цхинвалы фӕндзӕм хатт радтой Джусойты Нафийы премитӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2022
Цхинвалы фӕндзӕм хатт радтой Джусойты Нафийы премитӕ
Бестауты Аланӕ ӕвзонг кармӕ нӕкӕсгӕйӕ фыццаг хатт нӕ райста ахӕм бӕрзонд хорзӕх. Уымӕй размӕ ма Цхинвалы уый райста преми "Булӕмӕргъ". Ахуыр кӕны ирон филологийы факультеты. Мыхуыр кӕны йӕ уацмыстӕ газеттӕ ӕмӕ журналты, ис ын телеуынынады куысты фӕлтӕрддзинад дӕр.
Чызг кӕд цӕргӕ кӕны Цӕгат Ирыстоны, уӕддӕр йӕ хорзӕхты фылдӕр хай райста Хуссар Ирыстоны. Уый нымайы, Иры хуссар хайы ӕвзонг курдиаттӕм кӕй ис хуыздӕр хъусдард.
Ацы къуыри Цхинвалы схорзӕхджын кодтой Джусойты Нафийы номыл премийы лауреатты. Фӕндзӕм юбилейон равдысты рахицӕн кодтой фондз литераторы. Сӕ нымӕцы Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ.
Преми лӕвӕрл цӕуы 2015 азӕй Хуссар Ирыстоны раздӕры хицауады сӕрдар, бизнесмен Хуыгаты Ростикы хӕрдзтӕй. Мадзал уадзы хӕрзаудæн фонд "Амонд".
Джуссойты Нафийы номыл фыццаг премийы лауреат ссис Остъаты Алан йӕ уацау "Сау тымыгъ"-ы тыххӕй. Дыккаг бынат адих кодтой Бекъойты Майя ӕмӕ Тъехты Валентин. Æртыккаг бынат дæр дих æрцыд дыууæ ӕвзонг курдиатджын поэттӕ - Бестауты Аланӕ ӕмӕ Габолаты Зауырбеджы хсӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0