"Уæллаг Ларс"-ы уавæр ныр у стабилон – Цæгат Иры сæргълæууæг

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæ"Уæллаг Ларс"
Уæллаг Ларс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.09.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пункт "Уæллаг Ларс"-ы уавæр ныр у стабилон. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
"Таможнæйы службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уадзæн пунктмæ бацæуæны уавæр у стабилон. Транспорт ахсы бынæттæ, кæцытæ сты æрмæстдæр уыцы нысанæн", - ныффыста Меняйло йæ Telegram-каналы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, абоны бон хæдтулгæты рады лæууы 2580 иуæджы – уый у иу мин хæдтулгæйы къаддæр æртæ боны размæ уавæрмæ абаргæйæ.
Цæгат Иры Гуырдзыстонимæ арæныл бакæндзысты мобилизацийы пункт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2022
Цæгат Иры Гуырдзыстонимæ арæныл бакæндзысты мобилизацийы пункт
Паддзахады разамонæг банысан кодта, зæгъгæ, фæтыхджындæргонд режимы кусынц барадхъахъхъæнæг органтæ æмæ экстренон службæты кусджытæ.
"Æрсидты кары æмбæстæгты, кæцытæ фæнд кæнынц ацæуын, сгарынц оперативон къорды уæнгтæ – УФ æмбæстæгтæн, кæцытæ хауынц хайон мобилизацимæ, дæттынц повесткæтæ. Уæлвæткон цæттæдзинады режим нырма кусы, фæлæ абон гæнæн ис зæгъын, хæслæвæрдты фылдæр хай кæй аскъуыддзаг кодтам" – бахахх кодта Сергей Меняйло.
Уый размæ Цæгат Ирыстоны хицауад фехъусын кодта, уадзæн пункт "Уæллаг Ларс"-ы хæдтулгæты стыр рады тыххæй регионы 28 сентябрæй расидтысты уæлвæткон цæттæдзинады режим, кæцымæ гæсгæ арæнæвæрдтæ бакодтой автотранспорты æрбацыдæн республикæмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0