Хуссар Иры делегаци радзырдта ацы аз Женеваг дискусситы фыццаг раунды фӕстиуджыты тыххӕй

© Sputnik / Алексей Витвицкий /  Ахизын медиабанкмæЖенева
Женева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.10.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 окт - Sputnik. Хуссарирыстойнаг делегаци Женеваг дискусситы рӕстӕджы ногӕй банхъардта гуырдзиаг фарсӕн ӕрӕвналын дыууӕ бӕстӕйы хсӕн паддзахадон арӕны делимитаци ӕмӕ демаркацийы фӕдыл иумӕйаг дыууӕварсон куыстмӕ. Уый тыххӕй дзырдӕуы делегацийы хъусинаджы радон раунды фӕстӕ.
5 октябры Женевӕйы ацыд ацы аз фыццаг фембӕлд ӕхсӕнадӕмон дискусситы фӕлгӕтты. Раунды хайад райстой делегацитӕ Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстон, Уӕрӕсейы Федераци, АИШ-ӕй, афтӕ ма Евроцӕдис, ИНО ӕмӕ ОБСЕ минӕвӕрттӕ.
Хицауады хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2022
Куыстлæуд æндавы процессы цыдыл: Цхинвалы фембæлдысты Женеваг дискусситы хайадисджытæ
Хуссар Иры делегацийы уӕнгтӕ фехъусын кодтой арӕнгӕрон территоритыл гуырдзиаг фарсӕрдыгӕй провокациты тыххӕй, афтӕ ма радзырдтой паддзахадон арӕны режим барӕй фехалыны цауты тыххӕй дӕр. Уыдон банысан кодтой арӕны хахх инженерон ифтонггарзтӕй срӕвдз кӕныны ӕнӕмӕнгхъӕуындзинад, цӕмӕй ахӕм фӕткхалӕн цаутӕ фӕкъаддӕр уой.
Уымӕй дарддӕр ма дискусситы хуссарирыстойнаг, абхазаг ӕмӕ уӕрӕсейаг хайадисджытӕ радон хатт бахахх кодтой гарантитӕ радтыны ахсджиагдзинад, Гуырдзыстон кӕй нал спайда кӕндзӕн ӕфсӕддон тыхӕй Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы ныхмӕ.
"Хуссар Ирыстоны фарс ацы документы уыны тынг ахсджиаг ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг къахдзӕф Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинады гарантитӕм Гуырдзыстоны 'рдыгӕй", - дзырдӕуы республикӕйы ФХМ сайтыл ныммыхуыргонд хъусинаджы.
Афтӕ ма РХИ минӕвӕрттӕ равдыстой сӕ мӕт Гуырдзыстоны территорийыл НАТО-йы рауӕрӕхдзинады фӕдыл ӕмӕ бӕстӕйы ӕфсӕддон потенциалы схӕцыны тыххӕй ӕмӕ бахахх кодтой, ахӕм архӕйдыдтӕ Хуссар Ирыстоны территоритӕм ӕввахс кӕй хӕссынц тас регионалон стабилондзинад ӕмӕ ӕдасдзинадӕн.
Уымӕй дарддӕр ма фембӕлды рӕстӕджы уынаффӕ цыд къорд гуманитарон фарстыты дӕр, се хсӕн ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы бацагуырд, лигъдӕтты проблемӕтӕ Хуссар Ирыстоны Тырсыгомы цӕрджыты барты хӕлд, кӕцыты бирӕ ӕзты дӕргъы нӕ уадзынц бацӕуын сӕ фыдӕлты зӕххытӕм.
Цхинвалы Ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бон ацыд пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2022
Ныфс хъуамӕ кӕддӕриддӕр уа. Цхинвалы Ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты бон ацыд пресс-конференци
Ног хабӕртты лентӕ
0